2014 азы 14 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæ. Делегаци Цхинвалыфембæлдис Хуссар Ирыстонæй Женевæйы дискусситы хайадисджытимæ фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй.
Ныхас кæныны рæстæджы уынаффæ цыдис, 2014 азы 17-18 июны чи хъуамæ уа, Женевæйы дискусситы уыцы радон 28-æм раундмæ бацæттæ кæныны фарстатыл.
Фембæлды хайадисджытæ та ногæй банысан кодтой Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл къухтæ æрфыссыны ахсджиагдзинад, афтæ ма паддзахадон арæн кæуылты цæуы, ууыл иумиагæй кусыны ахсджиагдзинад. Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæн информаци лæвæрд æрцыдис, сæрмагонд уадзæн гæххæттытæ арæзт кæй æрцыдысты, кæцытæ дæттынц Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæныл фæхуымæтæгдæргонд амалæй ахизыны бар.
Дыууæ фарсы дæр банысан кодтой МПРИ активон архайд, кæцы ахъаз кæны арæнгæрон районы æдасдзинады фарстатæ эффективондæрæй скъуыддзаг кæнынæн. Уымæй дарддæр ма уынаффæ цыдис, гуманитарон характер кæмæн ис, ахæм фарстатыл дæр. Хуссарирыстойнаг фарс, чи дзы уыдис, уыдон хъуыды аздæхта æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон хъысмæтмæ, афтæ ма Гуырдзыстоны Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æнæзакъонон тæрхон кæуыл æрцыдис, уыцы ахæстонты кæрæдзийыл баивыны гæнæнтыл дæр.
Консультациты фæстæ Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæ фембæлдысты хуссарирыстойнаг барадхъахъхъæнджытимæ æмæ Хуссар Ирыстонæй Гуырдзыстоны тæрхон кæуыл æрцыдис, уыдон хæстæджытимæ.
Цхинвал, 2014 азы 14 май