Хуымгæнæны мæйы 15-æм бон Цхинвалы Уæрæсейы Федерацийы уæвæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады æххуысæй йæ куыст райдыдта æвзонг ахуыргæндтæ-юристты XХVæппæтуæрæсейон скъола «Территорийы фидар райрæзт: экологи, политикæ, барад», кæцы здæхт у æрдз бахъахъхъæныны барадон проблемæтæм æмæ экологион æдасдзинад бахъахъхъæнынмæ.
Церемонийы фæлгæтты хайадисджытæн раарфæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты Ректор Тедеты Вадим.