Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Михаил Галузины фембæлды фæдыл

А.М. Джиоев и М.Ю. Галузин

Тæргæйтты мæйы 21-æм бон Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Михаил Галузины фембæлд. 

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дывæрсон фарстатыл, се ‘хсæн æддагполитикон координаци æмæ Республикæйы æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæныны фарстатæ. 

Ныхас цыд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы фæлгæтты иумæйаг куыстыл, кæцыты радон раунд нысангонд æрцыд хуымгæнæны мæйы райдианмæ. 

Æрдзырдæуыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дывæр æмбæстагады фарстатæ æрбæстон кæныны тыххæй Бадзырды фæдыл. 

Фембæлд ацыд хæларад æмæ æмбаргæдзинады уавæры.

Цхинвал, 2024 азы тæргæйтты мæйы 21-æм бон

21.03.2024