Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары пресс-конференцийы фæдыл

Пресс-конференция Министра иностранных дел РЮО А.М. Джиоева

Тæргæйтты мæйы 18-æм бон РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры пресс-конференци. 

Пресс-конференцийы сæйраг темæ уыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмгуыстад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырд бафыссыны бонæй 9 азы рацыд. 

Министр банысан кодта, дывæрсон ахастыты хъуыддаджы документæн кæй ис стратегион нысаниуæг. Бадзырдмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерациимæ рæзы иу хъахъхъæнæн тыгъдад, барадхъахъхъæнæн органты æмархайд, æддаг политикæйы координаци, социалон-экономикон æмæ æндæр фадгуыты размæдзыды архайд. Æппæт уыдæттæ дæттынц Хуссар Ирыстонæн паддзахадон суверенитет æмæ æдасдзинады гарантитæ, æхсæнадæмон позициты фидаркæнынад, Республикæйы хæдбардзинад банымайыныл æдзухон куыст æмæ фидар социалон-экономикон размæдзыды перспективæ. 

Джиоты Æхсар бахахх кодта, Бадзырды фæлгæтты Хуссар Ирыстонмæ æрбабырст дзурæг кæй уыдзæн Уæрæсемæ æрбабырстыл, уый фæдыл, нырыккон тæссагдзинад хынцгæйæ, документ у уæлдай актуалон. 

Пресс-конференцийы рæстæджы ма Джиоты Æхсар сдзуапп кодта журналистты фарстатыл. 

Цхинвал, 2024 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон

 

 

18.03.2024