Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæнйаг хъуыддæгты министрады сырæзты бон цытджын æгъдауæй нысан кæй цæуы, уымæ гæсгæ Уæрæсийы Æдасдзинады Федералон службæйы хистæр Мурзин Алексей Михаилы фырт арфæйы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.
Телыдзырд цæуы:
«Кæцыфæнды бæстæйы æддагполитикон уагдон ахсы сæйраг ролтæй иу. Дипломаты арæхсджын æмæ ахъыдыгондæй райстгонд унаффæтыл хатт баст вæййы æнæхъæн адæмы фидæн.