Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

14 октябры Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ираклий Аласания фехъусын кодта дунеон æмæхсæнады тынг æндæвдадæй Гуырдзыстон кæй райдайдзæнис Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы «деоккупаци» æмæ, зæгъы, дыууæ бæстæйы парламентты нормативон акттæн нæй ницахæм дунеон-барадон нысаниуæг.

Гуырдзыстоны политикты дунеæмбарынады аббераци уыдон джиз дары æцæгдзинадæн объективонæй æсаргъ кæныны хъуыддаджы. Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвынады фарст, куыд йæ паддзахадон хицауады органты уынаффæты райст никуыцæй хауы, гуырдзиаг чиновниктæ йын цахæм аргъ скæной, уымæ.

«Оккупаци»-йыл дзырд куы цæуа, уæд банысан кæнын хъæуы уый æмæ Женевайы дискусситы 20-æм раунды ацы фарстыл æруынаффæ кæнынмæ дискусситы сомодератортæ кæй æрхуыдтой, уыцы хæдбар дунеон эксперттæ иугъуызонæй загътой сæ хъуыды, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ ахасты æмбарынад «оккупаци» райсинаг кæй нæй, уый.

Ис реалондзинад æмæ гуырдзиаг чиновниктæ кæм цæрынц, ахæм æрымысæггаг дуне. Æцæгдзинад та у ахæм: Хуссар Ирыстон у, йæ территорийыл ын цы адæм цæрынц, уыдон фæндондзинадæй арæзт чи ‘рцыдис, йæхи арæнтæ æмæ паддзахадон хицауады органтæ кæмæн ис, ахæм нымад паддзахад. Уый, ГГуырдзыстоны фæнды æви нæ,уæддæр сæ бахъæудзæнис йемæ сразы кæнын.

Цхинвал, 2014 азы 15 октябрь

 

31.10.2014