Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2014 азы 19 ноябры Цхинвалы уыдис фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фарстыты фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй Женевайы дискусситы хайадисæг хуссарирыстойнаг делегацийы кусæгон фембæлд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады ЕЦ, ЕÆÆО æмæ БНО Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттимæ, кæцытæ нæ Республикæмæ æрцыдысты дискусситы радон раунды хæдразмæ.

Фембæлды рæстæджы æрдзырдтой Женевайы дискусситы тематикæйы æппæт спектрты фарстытыл, кæцытыл æруынаффæ кæнын нысан цæуы ацы аз, декабры.

Регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад сфидар кæныны контексты хуссарирыстойнаг фарсæн радон хатт дæр йæ позици уыдис Гуырдзыстон æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл къух æрфыссыны æнæмæнгхъæуындзинад, кæцыйæн сæвзæргæ политикон æмæ барадон реалиты лæвæрд цæуы иууыл стырдæр приоритет.

Дыууæ фарсы дæр бафидар кодтой инциденттæ ма ‘руадзыны æмæ сæ фæдыл мадзæлттæ исыны Механизмы (МПРИ) фæстиуæгджын куыст, 17 ноябры цы 50-æм фембæлд уыдис, уым уырнындзинад загътой, ацы позитивон момент фидæны дæр кæй адарддæр уыдзæнис, уый тыххæй. Банысан ма ‘рцыдис Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæныл уавæр кæй фæхуыздæр æмæ паддзахадон арæны хизыны цаутæ дæр кæй фæкъаддæр сты, уый дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ та ногæй зæрдыл æрлæууын кодтой, цæмæй Гуырдзыстонимæ иумæ рæвнæлдæуа паддзахадон арæны хаххы делемитацийы сæраппонд сæ инициативæ.

Фембæлды ма уынаффæ цыдис, гуманитарон характер кæмæн ис, уыцы фарстатыл дæр, сæрмагондæй та РХИ æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты æмæ Гуырдзыстоны тæрхондæтты æнæзакъонон тæрхон кæуыл скодтой, уыдон раздахыныл.

Консультацитæ фæуыны фæстæ Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттæ фембæлдысты, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон хиуæттимæ.

Цхинвал, 2014 азы 19 ноябрь

 

26.11.2014