Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Дунеон дискусситы 29-æм раунды хатдзæгты тыххæй

2014 азы 7-8 октябры Женевæйы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Дунеон дискусситы радон раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазы Республикæ, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, ИНО æмæ ЕÆÆО минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фарстаты фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.

2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры Медведев-Саркозийы бадзырдтæм гæсгæ уагъд чи цыдис, уыцы дискусситы сæйраг хъусдард здахтæуыдис, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны æмæ регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад фидар кæныны фарстатыл уынаффæ кæнынмæ. Хуссарирыстойнаг делегаци принципиалон формæйы йæ хъуыды загъта, тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл куыст фæактивондæр кæныны тыххæй, кæцыран хъуамæ уа фидар æхсæнадæмон гарантитæ, банысан кодта, зæгъгæ, Женевæйы дискусситы сæйраг хæс у, растдæр ацы проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын.

Афтæ æмæ раздæр цы къахдзæфтæ бантыстис саразын, уыдонæн æмбæлон юридикон æгъдауыл хæсджынгæнæг сразыдзинæдтæн аргъ скæнгæйæ, хуссарирыстойнаг делегаци ногæй æрсидтис дискусситы хайадисджытæм цæмæй дискусситы æппæт хайадисджытæ райсой тыхæй ма спайда кæныны принципы фарс кæм хъуамæ уой, ахæм хъусынгæнинаг. Ахæм хъусынгæнинаг уымæй размæ бавдыста уæрæсейаг делегаци, фæлæ йын гуырдзиаг делегацийы æнæконструктивон позицийы аххосæй цалдæр раунды дæргъы нæ бантыстис æрæмдзых кæнын. Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ банысан кодтой, цæхгæр æгъдауæй райсæн кæй нæй модератортимæ апарахатгонд дискуссийы цахæмдæр дызæрдыггаг фигурæты бæлвырдгæнæнæн, уыдонæн ницы æгъдауæй иумиагæй кæй ницы ис, уынаффæ кæуыл цæуы, уыцы проблематикæимæ. Уырнын кодтой загъдгонд позици сæ хъуыдыты кæй бавæрдтой æмæ кæрæдзи нæ бамбарыны позици иуварс кæнын, афтæ иннæ раунды тыхæй ма спайда кæныны позици аиуварс кæныны куыст фæактивондæр кæнын.

Æдасдзинады фарстатыл уынаффæ кæнгæйæ, банысан æрцыдис фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны, Абхазы Республикæйы æмæ Гуырдзыстоны арæнтыл, абаргæйæ, серьезон инциденттæ кæй нæй. Банысангонд статистикæ æвдисæн у, арæныл хизыны фæтк халыны цаутæ дзæвгарбæрцæй кæй фæкъаддæр сты, уымæн. Уыцыиу рæстæджы ма банысан æрцыдис гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй архайдтыты фæдæздæхт арæны проблемæты алыварс информацион æндыгъдад цырындæр кæныны хъуыддаджы, сæ сæрты хизæн пункты арæнгæрон цæрджыты интерестæй спекуляци Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауад, арæнтæ кæуылты цæуынц, уый банысан кæныныл кæй кусы, уый фæдыл. Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ ногæй зæрдыл æрлæууын кодтой, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауад кæй раразмæ кодта Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны делимитацийыл бакусой иумæ.

Дискуссийы хайадисджытæ банысан кодтой инциденты фæдыл мадзæлттæ æххæст кæныны æмæ сæ ма ‘руадзыны хъуыддаджы фæдфæдылон æгъдауæй уагъд кæй цæуынц хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны иууон механизмы (МПРИ) архайды, афтæ ма МПРИ фæлгæтты архайæг «тæвд хаххы» нысаниуæг дæр.
Уыцыиу рæстæджы хуссарирыстойнаг æмæ Абхазаг хайадисджытæ сæ катайдзинад загътой Гуырдзыстон æфсæддон блок НАТО-мæ бахæстæгдæр кæнынмæ цы къахдзæфтæ аразынц, уыдон фæдыл дæр æмæ гуырдзиаг минæвæрттæ дунеон алыгъуызон фæзуæттыл цы агрессивон хъусынгæнинæгтæ аразынц, уыдон тыххæй. Женевæйы процессы бынтондæр æнæраст чи у, Гуырдзыстоны ахæм хихæццæкæнынадæн аргъ æрцыдис Женевæйы дискусситæм ахасты «рекомендацитæн», кæцыйы хæстæ сты НАТО Ньюпорты райстгонд саммиты документы.

Куыд æдасдзинады æмæ гуманитарон ситуацийы хай, афтæ уынаффæ цыдис, æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдонимæ бастуæвæг фарстатыл. Уый фæдыл сын Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ ногæй сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, раздæр сæм бирæ хæттыты цы æрмæджытæ бавдыстой Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты хъысмæты тыххæй, уыдон, кæцыты бæлвырд цæуы Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты хъысмæты Гуырдзыстоны хицауады бæрндзинад. Банысан ма æрцыдис, зæгъгæ, кæд ныфсытæ æвæры гуырдзиæгты æмæ сомодераторты ‘рдыгæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон агурынмæ цæттæ кæй сты, уæддæр гуырдзыстойнаг хицауад, æцæгæй та, къуылымпы кæны куыст ацы къабазы.

Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ ма ноджыдæр ногæй бафидар кодтой сæ фæндондзинад гуырдзиаг фарсæн, кæрæдзимæ сæ ахст чи сты, уыдоны дыууæ ‘рдыгæй ссæрибар кæныны тыххæй. Уыимæ иумæ ма зæрдыл лæууын кæнæм уый дæр æмæ хæрзиуæгадон акты хуызы Хуссар Ирыстоны хицауиуæгад кæй ныххатыр кодтой Гуырдзыстоны æмбæстæгæн, афтæ ма банысан кодтой гуырдзиаг фарсæн лæвæрд кæй æрцыдис йе ‘мбæстаг, кæцы агуырд цыдис, фыдракæнд кæй сарæзта, уый тыххæй æмæ архайдта, цæмæй йæхи баауон кодтаит Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уынаффæ ма цыдис æндæр гуманитарон фарстатыл дæр. Лигъдæтты проблемæйы фæдыл йæ куыст чи фæцис, уыцы раунды уынаффæ нæ цыдис. Рагацау куыд зыны, афтæмæй лигъдонты тематикæйыл уынаффæйæн гæнæн уыдзæнис, кæд æмæ Гуырдзыстон ныууадза йæ бафæлвæрдтæ ацы проблемæйы хæдаразгæ политизаци кæнынæн.

Куыст фæуыны фæстæ ауагъд æрцыдис дыууæ кусæгон къорды иумиаг рабадт раунды фæстиуджыты фæдыл.

Женевæйы падон фембæлд нысан цæуы 2014 азы декабры.

Женева, 2014 азы 9 октябрь

 

23.10.2014