Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады статс-секретарь-Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Г.Б. Карасинимæ телефоны кæй ныхас кодта, уый фæдыл

17 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. телефонæй ныхас кодта Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады статс-секретарь- министры хæдивæг Г.Б. Карасинимæ.

Ныхас кæныны рæстæджы уынаффæ цыдис уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты регионалон ситуацийы, Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады тыххæй Женевæйы дискусситы радон раундмæ бацæттæ кæныны актуалон фарстатыл.

 

Цхинвал, 2014 азы 17 сентябрь

 

17.09.2014