Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл дунеон дискусситы 31-æм раунды фæстиуджыты тыххæй
2015 азы 17-18 марты Женевæйы уагъд æрцыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл радон дунеон раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци, АИШ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО-йы делегацитæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К.
Дискусситы, кæцытæ уагъд цæуынц 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры Медведев-Саркозийы бадзырдтæм гæсгæ, куыд раздæр, афтæ та ныр дæр хъусдард здæхт æрцыдис, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ цæмæй тыхæй ма спайда кæна, уый амæлттыл æмæ регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад фидар кæнынмæ. Хуссарирыстойнаг делегаци принципиалон формæйы загъта тыхæй ма спайда кæныны фæдыл дывæрсыгон куыст активизаци кæныны фæдыл, кæцыйæн уаит юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг тых æмæ фидар дунеон гарантитæ, банысан кодта, зæгъгæ, растдæр ахæм документтæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны æдасдзинады проблемæтæ скъуыддзаг кæныны ис Женевæйы дискусситы сæйрагдæр хæс æмæ нысан.
Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ не сразы сты Гуырдзыстоны делегацийы бахъавдтытыл, цæмæй фембæлды æруынаффæ кæной Женевæйы дискусситы куысты боны фæткы чин нæ уыдысты, уыдоныл уынаффæ кæныныл.
Хуссарирыстойнаг делегаци дискусситы хайадисджытæм ногæй æрсидтис, цæмæй ацы раунды фæдыл ист æрцæуой иумиаг хъусынгæнинæгтæ, æппæт хайадисджытæ дæр кæй сты тыхæй ма спайда кæныны принциптыл хæст, уый тыххæй. Ахæм хъусынгæнинаджы проект уымæй размæ бавдыста уæрæсейаг делегаци. Фæлæ гуырдзиаг делегацийы æнæконструктивон позицийы аххосæй хъусынгæнинаджы текстимæ сразы кæныны хъуыддаг кæронмæ нæ фæцис. Ныры раунды дарддæргонд цыдис экспертты куыст текстимæ сразы кæныны фæдыл.
Æдасдзинады фарстатыл дзургæйæ, банысан æрцыдис, зæгъгæ, уавæр дарддæр дæр баззадис стабилонæй РХИ æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæныл кæрæй-кæронмæ, нæй дзы серьезон инциденттæ, къаддæр кæнынц арæны сæрты хизыны фæткхалыны цаутæ. Фæлæ ма уыимæ иумæ банысан æрцыдис Гуырдзыстоны цæрджыты ‘рдыгæй дестабилизацион архайды фæдæздæхт, уыдон халынц хуссарирыстойнаг арæнæвæрды нысанттæ, цырынгонд цæуынц информацион æндыгъддзинад арæнты проблемæты алфæмблай, сæ сæрты ахизыны пунктты, спекуляцигонд цæуынц арæнгæрон цæрджыты интерестæ. Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ ногæй зæрдыл æрлæууын кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны домæн, цæмæй иумæ рæвналой Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны делимитацийы куыстмæ.
Дискусситы хайадисджытæ банысан кодтой инциденттæ ма ‘руадзыны æмæ сæм рæстæгыл хъус æрдарыны механизмтимæ æмкуысткæныны хъуыддагмæ, йæ эффективондзинадмæ, кæцы фæдфæдылонæй уадзы фембæлдтытæ хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг арæны районы, афтæ ма инциденттæ ма руадзын æмæ сæм рæстæгыл хъус æрдарыны механизмтимæ æмкуысткæныны тыххæй эффективондзинады фæлгæтты архайæг «тæвд хаххы» фембæлдтытæ.
Хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг хайадисджытæ катайдзинад загътой, Гуырдзысон æфсæддон блок НАТО-мæ бахæстæгдæр кæныны фæдыл ног къахдзæфтæ кæй аразы, уый фæдыл, Гуырдзыстоны территорийыл НАТО ног инфраструктурон объекттæ кæй аразы æмæ Хуссар Ирыстонмæ æмæ Абхазы ахасты гуырдзиаг минæвæртты агрессивон риторикæ кæй хъуысы.
Хуссарирыстойнаг минæвæртты фидар домындзинады фæрцы дарддæр цыдис, æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон агурыны æмæ дыууæрдыгæй фарс ахæстæтты чи бадынц, уыдон ссæрибар кæныны фарст. Хуссарирыстойнаг делегаци фембæлды хайадисджытæ базонгæ кодта Женевæйы дискусситы ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆЦ æмсæрдæртты номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. цы фыстæг ныффыста, уыимæ, кæцыйы сиды, цæмæй ахъаз кæной Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй ахæстæтты сæ сæрибардзинад ист кæмæн у, уыдон дыууæрдыгæй фарс дæр сæрибар цæмæй æрцæуой æмæ ма æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон агурыны хъуыддæг дæр фæактивондæр кæнын. Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ ма æрдомтой, цæмæй Женевæйы дискусситæм хуынд æрцæуой Хуссар Ирыстоны цæрджытæй æбæрæг сæфт чи фæкодтой, уыдон проблемæтæ чи ахуыр кодта, Европæйы Цæдисы, уыцы раздæры экспертты минæвæрттæ. Уынаффæ ма цыдис къорд æндæр гуманитарон фарстатыл дæр.
Гуырдзыстон лигъдæтты фæдыл йæ проект дарддæр кæй ласы Баиугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблеймæ, БНО-ы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы минæварад кæй нæй, уымæй пайда кæнгæйæ, хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг хайадисджытæ ацы проблемæйыл æруынаффæ кæнын нымайынц, нысанмæздæхт чи нæу, ахæмыл. Лигъдонты тематикæйыл уынаффæ кæныны тематикæ сног кæнынæн гæнæн уыдзæнис, кæд æмæ Гуырдзыстон йæ къух сиса ацы проблемæйы хæдаразгæ политизацийы проблемæйыл.
Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ рабадтмæ рахастой Скæсæн Ирыстоны территорийы фарст, кæцыйыл ныртæккæ контроль кæны Гуырдзыстон. Банысан æрцыдис, Гуырдзыстоны хицауад кæй уадзы ахæм политикæ, кæцы здæхт у ирæтты бакъуындæг кæнынмæ, сæ фыдæлты цæрæнуæттæм, культы объекттæм ма уадзын, сæ хиисад сын сæхи бакæнын. Историон-культурон бынтыл уынаффæ кæныны проблематикæйы контексты ирон минæвæрттæ ногæй фехъусын кодтой, зæгъгæ, Гуырдзыстон дарддæр дæр ницæмæ дары историон аргъадтæ фæстæмæ раздахыны проблемæ, уыдоны нымæцы Цхинвалæй ахæсгæ триптих æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл археологион скъахтытæй цы рагон дзаумæтæ аластой, уыдон.
Раунд фæуыны фæстæ нысан цыдис дыууæ кусæгон къорды цæмæй сæ куыстæн сарæзтаиккой фæстиуджытæ, фæлæ йæ гуырдзиаг делегаци ауагъта йæ хъусты иуварс.
Женевæйы дискусситы 31-æм раунды фæлгæтты ма уыдис æхсæнпаддзахадон ахастыты контексты æртхъирæнты æнкъарынады фæдыл информацион сесси дæр.
Женевæйы радон фембæлд нысан цæуы 2015 азы июны.
Женевæ, 2015 азы 19 март