Новости

Archive
Молебен в Храме Пресвятой Троицы

Майрæмты мæйы 14-æм бон, 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты охыл Цхинвалы Сыгъдæг Мады Майрæмы Райгуырды аргъуан æмæ Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны ацыдысты фæмард Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ æмæ цæрджыты рухс нæмттыл службæтæ. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Алан. 

2025 азы майрæмты мæйы 14-æм бон

А.М. Джиоев и О.М. Барциц

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Мысæн боны охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста нотæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр О.М. Барцицмæ.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«33 азы размæ абхазаг адæмы бахъуыд гуырдзиаг фашизмы ныхмæ тугкалæн тохы слæууын. Æгъатыр хæстон архайдтыты фæстиуæгæн фæмард сты Абхазы мингай æнаххос цæрджытæ, пырхæнтæ фестадысты культурон æмæ историон цыртдзæвæнтæ.

Памятные мероприятия к 17-й годовщине войны августа 2008 года

Майрæмты мæйы 8-æм бон, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон агрессийæ æвддæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ ацыдысты Республикæйы æдде дæр. 

Мæскуыйы Ирвæзынгæнæг Чырыстийы Аргъуаны ссардтой гуырдзиаг агрессийы рæстæджы фæмардуæвæг Хуссар Ирыстоны цæрджыты рухс нæмттæ, афтæмæй ма Цхинвалы хъахъхъæнджыты, ирон æмæ уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхты хæстонты, уæрæсейаг æфсады солдаттæ æмæ офицерты рухс нæмттæ, кæцытæ сæ царды аргъæй хъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны.

Памятные мероприятия к 17-й годовщине войны августа 2008 года

Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны цæуынц Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ æвддæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.

Майрæмты мæйы 7-æм бон ацыд къамты равдыст «08.08.08 – 08.08.25», уый фæстæ мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн»-ы раз ацыд мысæн церемони, кæцыйы рæстæджы акцийы хайадисджытæ сæвæрдтой дидинтæ мемориалмæ æмæ фæмардуæвджыты рухс номыл ссыгътой цырæгътæ.

МИД Южной Осетии

2008 азы майрæмты мæйы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы сæдæгай амæттæгты мысæн боны уæлдай æнæфсарм у Гуырдзыстоны премьер-министр И. Кобахидзейы раныхас. Гуырдзыстон гæрзифтонгæй кæй æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ, кæцыйы æхсæнадæмон бадзырдадтæм гæсгæ сæ хæс æххæст кодтой фидауынгæнджытæ – у бæрæг бæлвырд факт, кæцы сфидаргонд æрцыд швейцариаг дипломат Х. Тальявинийы сæргълæудæй ЕЦ-йы хæдбар къамисы ‘рдыгæй, æмæ кæцы официалон Тбилис хъавы басусæг кæнынмæ.

Южная Осетия и Приднестровье

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы амæттæгты Мысæн боны охыл Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг А.П. Стецюк рарвыста нотæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

Южная Осетия и Абхазия

2008 азы майрæмты мæйы трагикон цаутæй 17 азы рацыды охыл Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста нотæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

МИД Южной Осетии

Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны ацæудзысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ æвддæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.

Цалынмæ 2008 азы майрæмты мæйы æнæхъæн дуне каст Пекины XXIX Сæрдыгон Олимпаг хъæзтыты бакæныны церемонимæ, уæдмæ Гуырдзыстон, æхсæнадæмон барады æппæт нормæты сæрты ахизгæйæ, мæнгардæй æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ. Гуырдзиаг хæстон тыхтæ æхстой адæм кæм цæрынц, уыцы бæстыхæйттæ, цы æркодта стыр зиæнттæм. Атакæйы бын бахаудысты уæрæсейаг фидауынгæнджытæ дæр. Пырхæнтæ фестадысты социалон объекттæ, медицинон уагдæттæ. 

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ Райгуырæн боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Хуссар Ирыстоны адæм æмæ Уæрæсейы æмбæстæгтæй Республикæйы чи цæры, уыдоны ‘хсæн дын ис стыр цыт æмæ кад. Æгæрон у дæ хайбавæрд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмахастытæ, нæ бæстæты 'хсæн интеграцион процессты размæдзыды хъуыддагмæ».

Встреча А.М. Джиоева с представителями Представительства МККК в РЮО

Майрæмты мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты Сæрдар Саид Ассадуллайы æмæ РХИ-йы уæвæг СДÆК-ы Минæварады Æдасдзинады хайады кусæг Марко Дошлякы.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны уæвæг СДÆК-ы Минæварады гуманитарон проекттимæ баст практикон фарстатыл. Афтæмæй ма хъуыдытæ загъдæуыд æндæр актуалон гуманитарон фарстатыл.

МИД Южной Осетии

Сусæны мæйы 30-æм бон Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Министрадты 'хсæн 2024-2025 азтæм бафыстгонд Консультациты пъланмæ гæсгæ дывæрсон консультацитæ. 

Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты А.М. æмæ РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В.

Консультациты рæстæджы дыууæ фарс дæр æрдзырдтой æхсæнуагдонон æмгуыстады актуалон фарстатæ æмæ æхсæнадæмон аренæйы æмархайдыл. 

2025 азы сусæны мæйы 31-æм бон

Сусæны мæйы 25-æм бонæй майрæмты мæйы 6-æм бонмæ Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхтæ æмæ Америкæйы Иугонд Штатты Национ гвардийы хайадистæй Гуырдзыстоны ацæудзысты НАТО-йы ахуыртæ Agile Spirit – 2025. Нысангонд куыд цæуы, афтæмæй уыдон здæхт сты хæстон цæттæдзинад фæбæрзонддæр, афтæмæй ма 13 бæстæ-хайадисæджы 'хсæн æмархайд сфидардæр кæнынмæ.