Арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Феликс Рамон Пласенсия Гонсалесмæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æддагон базарады министрæй снысан кæныны фæдыл

Ахсар Джиоев и Феликс Пласенсия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Феликс Рамон Пласенсия Гонсалесмæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æддагон базарады министрæй снысан кæныны фæдыл.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Ахæм бæрнон паддзахадон бынатмæ снысан дзурæг у бæстæйы уæлдæр къухдариуæгады ‘рдыгæй æууæнк æмæ дæ профессионалон архайдæн стыр аргъ кæныныл. Ныфс дарын, æмæ дæ фæлтæрддзинад, хисæрмагонд æмæ куысты миниуджытæ ахъаз уыдзысты Венесуэлæйы æддагполитикон æмæ æддагэкономикон интерестæ хъахъхъæныны фæдыл ахсджиаг хæстæ скъуыддзаг кæнынæн».

14.07.2026