Гуырдзыстоны парламенты æхсæнадæмон ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе ОБСЕ-йы ПА-йы политикон фарстатæ æмæ æдасдзинады фæдыл сæйраг комитеты 33-æм æрвылазон сессийы рæстæджы йæ раныхасы, сæрмагондæй, нысан кæны, зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон бафыстгонд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы 'хсæн æмархайд уæрæх кæныны фæдыл Бадзырд кæй у «оккупаци сфидар кæныны æмæ æхсæнадæмон æгъдауæй банымад Гуырдзыстоны территоритæ æрбаиу кæныны Мæскуыйы æнæфæстиуæгджын фæлварæн». Радон хатт та уынæм, гуырдзиаг фарс кæй нæ разы кæны æхсæнадæмон-барадон æцæгдзинадыл.
Хуссар Ирыстонæн ис, йæ национ интерестæн дзуапп чи дæтты, ахæм æхсæнадæмон бадзырдадтæ бафыссыны бар. «Аннексийы» аххосджын кæнын та у æрмæстдæр официалон Тбилисы æцæгдзинад сзыгъуыммæ кæнын æмæ йæ агрессивон архайдтыты, историон рæдыдтыты æндæр искæй фæзылынджын кæныны фæлварæн.
Рагæй фæстæмæ у бæрæг, гуырдзиаг политикты фидиуæнтæ кæй нæ фæивдзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны статус.
2026 азы сусæны мæйы 6-æм бон