Хуымгæнæны мæйы 3-æм бон Женевæйы Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДзÆК) сæйраг бæстыхайы ацыд Женевæйаг æхсæнадæмон дискусситы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы хайадисджыты фембæлд Европæ æмæ Централон Азийы СДзÆК-ы операцион координатор Анжелик Апперуимæ, уымæй дарддæр ма Европæ æмæ Централон Азийы СДзÆК-ы хъахъхъæнынады хайады сæргълæууæг Фабиан Бурдьеимæ.
Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд СДзÆК-ы архайдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны. Афтæмæй ма дзырд цыд æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон агурыны Æртæварсон координацион механизмы куыстыл.