Концертон зал «Крокус Сити Холл»-ы террористон атакæйы трагикон фæстиуджыты охыл

МИД Южной Осетии

Концертон зал «Крокус Сити Холл»-ы террористон атакæйы трагикон фæстиуджыты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста мæсæллæйы нотæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ. 

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«Хуссар Ирыстоны стыр хъыгзæрдæимæ райстой лæгмарты къухтæй бирæнымæц адæмы мæлæты фæдыл æвирхъау цау. 

Терроризмæн нæй срастгæнæн ницы хуызы. Ныфс нæ ис, æмæ ацы æгъатыр фыдракæнды аххосджынтæ иууылдæр баййафдзысты æмбæлон тæрхон. 

Ацы хъынцъымы бонты Министрад мæсæллæй кæны фæмардуæвджыты бинонтæ æмæ хиуæттæн, йе ‘нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, уыдонæн та æрвиты тагъддæр сæнæнизы фæндиæгтæ».

23.03.2024