Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады информацион хъусынгæнинаг «Хъырымы уалдзæг»-æй 10 азы рацыды охыл

МИД Южной Осетии

2014 азы «Хъырымы уалдзæг»-ы цаутæ æмæ 2014 азы тæргæйтты мæйы 16-æм боны Хъырымы Автономон Республикæ æмæ сахар Севастополы ацæугæ æппæтхъырымон референдумы хатдзæгтæ, æнæдызæрдыгæй, систы историон рæстдзинад сног кæнынæн ахсджиаг акт. Референдумы æхсæнадæмон барад æмæ ИНО-йы Уставы нормæтæм гæсгæ, Хъырымы цæрджытæ уыдысты Уæрæсейы Федерацийы субъекты хуызы Уæрæсемæ æрбаиу кæныны ‘вварс. 

10 азы фæстæ ирддæрæй зыны ацы уынаффæйы рæстдзинад. Уæды рæстæджы зын уавæры уый уыд Хъырымæн æппæты растдæр къахдзæф. Уыимæ иумæ бæрæг у, æрдæгсакъадахы стратегион нысаниуæг геополитикон уавæры уæзгæ кæй у. Иу æмæ дыууæ хатты дзы нæ ныккалд туг, уæлдайдæр, Хъырымы хæстытæ æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Тынг бирæ уырыссаг туг ныккалд ацы зæххыл. 

Дæс азы размæ цаутæ канд бæрзонд патриотизм æвдисæг нæ уыдысты, фæлæ ма æппæт дунейæн фенын кодтой Уæрæсейы тых æмæ хъæддыхдзинад. Уæрæсе йæхиуæтты рохуаты нæ уадзы, – уый Хуссар Ирыстонæн бæрæг уыд 20 азы дæргъы, æмæ 2008 азы майрæмты мæйы Уæрæсе равдыста, агрессивон национализмæн кæй ма хъуамæ уа бынат нырыккон дунейы. 

Уæрæсейы хицауад æмæ хъырымæгтæ фæстаг 10 азы дæргъы бирæ сарæзтой социалон-экономикон æмæ инфраструктурон размæдзыдæн, æмæ нырма саразинæгтæ дзæвгар ис. 

Хуссар Ирыстон кæддæриддæр цæттæ у Хъырымимæ уæвæг ахастытæ дарддæр кæнынмæ, кæцыты размæдзыдæн ныридæгæн ис æппæт уавæртæ, ууыл та дзурæг сты алыхуызон æмвæзадтыл ахастытæ æмæ дывæрсон барадон документтæй ратæдзгæ хæстæ. 

Арфæ кæнæм хъырымæгтæн ацы ахсджиаг цауы фæдыл!

Цхинвал, 2024 азы тæргæйтты мæйы 16-æм бон

 

16.03.2024