Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Боциты Ильяйы фырт Олег нысан кæны юбилей

О.И. Боциев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Боциты Олегæн юбилейы цытæн. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Æгæрон у дæ хайбавæрд хæларадон хуссарирыстойнаг-абхазаг ахастыты фидар кæныны хъуыддагмæ. Дæ фæлтæрддзинад, паддзахады интерестæн æнувыддзинад æмæ адæймаджы миниуджытæ сты Минæварады куысты фидар бындур. Бирæ азты дæргъы дын дæ бæрнон куысты фæрцы фæзынд бæрзонд авторитет куыд дæ коллегæты, афтæ Ирыстоны æмбæстæгты ‘хсæн дæр. Хæларадон абхазаг адæмы хæрзиуæгæн дæ бирæазон куысты тыххæй дын ис стыр цыт Абхазы дæр. Зын рæстæджыты абхазаг æфсымæртимæ иумæ бахъахъхъæдтай Апсныйы сæрибардзинад æмæ хæдбарад». 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы Барамындмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон курсы реализаци æмæ хуссарирыстойнаг-абхазаг ахастыты размæдзыды, афтæмæй ма юбилейы цытæн Боциты Олег хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй.

26.03.2024