Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Абхазы Республикæйы Боциты Олег хайад райста Сухумы Кады Парчы дидинтæ сæвæрыны церемонийы

Церемония возложения цветов в Парке Славы в Сухуме

Тæргæйтты мæйы 15-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Абхазы Республикæйы Боциты Олег хайад райста Сухумы Кады Парчы дидинтæ сæвæрыны церемонийы, кæцы уагъд æрцыд 1993 азы Марты æрбабырсты операцийы рæстæджы фæмард хæстонты рухс ном ссарынæн.

Уыцы æрбабырст у 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйы хæсты æппæты тугкалддæр цаутæй иу, кæцы ахаста 222 адæймаджы цард, се ‘хсæн Хуссар Ирыстонæй бархионтæ дæр.

Мысæн мадзалы хайад райстой Абхазы Президент Аслан Бжания, Абхазы Хицауады Сæрдар Александр Анкваб, Абхазы Парламенты Спикер Лаша Ашуба, Абхазы Æдасдзинады советы секретарь Сергей Шамба, хæсты ветерантæ.

Цхинвал, 2024 азы тæргæйтты мæйы 15-æм бон

15.03.2024