Бендеры трагедийæ 32 азы рацыды охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста мæсæллæйы нотæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.
Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:
«1922 азы хурхæтæны мæйы 19-æм бон у Приднестровьейы историйы æппæты уæззаудæр бонтæй иу. Уæд молдаваг националисттæ ахызтысты гуманитарон барады æппæт нормæты сæрты дæр, цы æркодта сæдæгай мæрдтæ æмæ цæфтæм, бирæ пырхæнтæм.