Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари Европæйы Цæдисы Генералон секретары доклад «Гуырдзыстоны конфликт»-ы фæдыл

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Европæйы Цæдисы Генералон секретары радон доклад «Гуырдзыстоны конфликт»-мæ, кæцыйы ногæй æмæ ногæй дзырдæуы бындур кæмæн нæй, ахæм загъдаутæ афтæ хуыйнæг Гуырдзыстоны оккупаци, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æдасдзинад æмæ адæймаджы барты фадыджы зын уавæры, афтæмæй ма уæрæсейы æфсæдтæ ракæныны фæдыл. 

Политизацигонд доклады ‘вварс уыдысты Албани, Гуырдзыстон, Исланди, Лихтенштейн, Молдова, Монако, Цæгат Македони, Норвеги, Сан-Марино, Украинæ, Великобритани, йæ разыдзинад равдыста Европæйы Цæдис. 

Хъыгагæн, Европæ æмæ йе 'хсæнадæмон структурæтæ дардæй дарддæр кæнынц æцæгдзинадæй. Фæстаг ссæдз азмæ Фæскавказы геополитикон уавæр цæхгæр фæивта. Цы документтæ цæуы ист, уыдоны, хъыгагæн, бынтондæр нысангонд не сты нæдæр Гуырдзыстоны хæстон фыдракæндтæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы 'рдæм, нæдæр нæ адæм цы амæттæгтæ баййæфтой, уыдон. Уæрæсейы 'рдыгæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинады банымад ссис сабырдзинад æмæ стабилондзинады нысаниуæг, фæзынд размæдзыды фадат. 

Европæ «ферох кодта» Х. Тальявинийы сæргълæудæй йæхи къамисы хатдзæгтæ, кæцыйы 2008 азы майрæмты мæйы агрессорыл нымад æрцыд Гуырдзыстон. 

Хуссар Ирыстонæн ис йæхи размæдзыды фæндаг, кæцы бындуриуæг кæны йæ адæмы фæндоныл. Уый, фыццаджыдæр, йе 'дасдзинады гарант – Уæрæсейы Федерациимæ ахастытæ фидар кæнын æмæ æмбар ахастыты сырæзт æппæт бæстæтимæ дæр. 

2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 5-æм бон

02.05.2025