Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бонæй 80 азы рацыды цытæн рарвыстой кæрæдзимæ арфæйы фыстæджытæ

А.М. Джиоев и С.В. Лавров

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бонæй 80 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров рарвыстой кæрæдзимæ арфæйы фыстæджытæ.

Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ фыстæджы банысан кодта:

«Зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон у хъæбатырдзинад, æгæрон тых æмæ æфсæддон намыс æвдисæг адæмон бæрæгбон. Абон уæлдай ахсджиаг у Уæлахиздзауты фæлтæры сгуыхтдзинад, Фыдыбæстæйы сæрвæлтау сæ хъæбатырдзинад æдзухдæр зæрдыл дарын, макуы йæ рох кæнын. Нæ сæйрагдæр хæс – Хъайтарты рухс ном аккагæй дарддæр кæнын. 

Цытджын Сергей Викторы фырт, куыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы, афтæ ныр дæр Хуссар Ирыстон лæууы Уæрæсейы фарсмæ нырыккон фашизмы ныхмæ тохы. Ныфс дарын, нæ адæмты иумæйаг истори, сæрыстырдзинад æмæ рæстдзинад кæй уыдзысты фидар бындур нæ бæстæты ‘хсæн æмгуыстад фидар кæнынæн».

Сæрмагондæй, Сергей Лавровы арфæйы дзырдæуы:

«Абон мах стыр кадимæ арæм нæ иумæйаг Фыдыбæстæйы хæдбардзинад чи бахъахъхъæдта æмæ нæ нацизмæй чи ссæрибар кодта, уыцы хъайтарты рухс нæмттæ. Хуссар Ирыстоны адæм æппæт Советон Цæдисы адæмтимæ иумæ стыр аргъæй балхæдтой уыцы сæрибар. Се сгуыхтдзинад у нæ бæстæты ‘хсæн æмцæдисон ахастыты фидар бындур. 

Хуссар Ирыстоны цæрæг Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, фæрныгад æмæ сабыр цард».

09.05.2025