РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ РХИ-йы Парламенты командæты ‘хсæн хæларадон матчы фæдыл мини-футболæй

Товарищеский матч по мини-футболу
Товарищеский матч по мини-футболу

Зæрдæвæрæны мæйы 26-æм бон РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ РХИ-йы Парламенты командæты ‘хсæн ацыд хæларадон матч мини-футболæй, кæцы сорганизаци кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Æвзонг дипломатты совет. 

Командæтæ равдыстой цымыдисон хъазт. Сæйраг рæстæг ахицæн 4:4 хыгъдимæ. Пенальтиты фæстæ 3:1 хыгъдимæ уæлахиздзаутæ систы РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады командæ. 

Уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты зæрдылдарæн кубокæй.

Матчы фæстæ хайадисджытæ кæрæдзийæн бузныджы ныхæстæ загътой хорз хъазты тыххæй. 

2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 26-æм бон

 

26.05.2025