Хуссарирыстойнаг дипломатты хайадисты фæдыл Мæскуыйы Мады Майрæмы Кафедралон Аргъуаны мадзалы

Кæфты мæйы 19-æм бон хуссарирыстойнаг дипломаттæ хайад райстой Мæскуыйы Мады Майрæмы Кафедралон Аргъуаны мадзалы, кæцы ацыд венесуэлаг дохтыр Хосе Грегорио Эрнандес æмæ мад Кармен Рендилес Ромаг Католикон Аргъуаны ‘рдыгæй канонизацигонд кæй æрцыдысты, уый номыл. 

Уазджыты ‘хсæн – Уæрæсейы хицауад æмæ УФ-йы ФХъМ-йы, Мæскуыйы аккредитацигонд дипломатон корпусы минæвæрттæ. Хуынд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар дæр. 

Венесуэлæйæн ацы цау у уæлдай ахсджиаг. Йæ историйы дохтыр Хосе Грегорио Эрнандес æмæ мад Кармен Рендилес систы фыццаг венесуэлæгтæ, кæцыты Ватикан банымадта уазтыл. 

2025 азы кæфты мæйы 20-æм бон

20.10.2025