Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсар Венесуэлæйы Хæдбардзинады боны цытæн арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсар Венесуэлæйы Хæдбардзинады боны цытæн арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
Сусæны мæйы 3-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн Мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион- координацион центры (ИИКЦ) сырæзты æмæ архайды фæткы фæдыл Фидыды бафыстæй 7 азы рацыды охыл цытджын æмбырды.
Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Уæрæсейы Минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, тыхон уагдæтты къухдариуæггæнджытæ.
Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Беларусы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Ацы бон белоруссаг адæмы историйы ныффидар, куыд национ сæрыстырдзинады, лæджыхъæды æмæ хъæддыхдзинады, афтæмæй ма иудзинады, бæстæйы абон æмæ сомбоны иумæйаг бæрны символ.
Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтыл 31 азы сæххæсты цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Министрад йæ сырæзты фыццаг бонæй фæстæмæ фидарæй лæуд у цыфæнды зын геополитикон уавæрты дæр Приднестроваг Молдаваг Республикæйы интерестæ хъахъхъæныны æмæ размæ кæныны фæндагыл.
Хурхæтæны мæйы 28-æм бон пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ иууыл кадджындæр бæрæгбонтæй иу - Хъуырман-байрам.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар сабырдзинад, хæларад æмæ фæрныгады фæндиæгтимæ арвыста арфæйы фыстæджытæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар Джаафаримæ.
Хурхæтæны мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Туркаг Республикæйы Хоситы Бурхан Абхазаг культурон ассоциацийы хуындæй хайад райста Абхазы культурæйы изæры, кæцы ацыд Культурон центр «Süleyman Seba» -йы, Стамбулы.
Мадзалы ма хайад райста Турчы ирæтты æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин.
Цхинвал, 2023 азы хурхæтæны мæйы 23-æм бон
Хурхæтæны мæйы 22 -æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр хайад райстой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ Бресты (Беларусь) белоруссаг адæмы геноциды амæттæгты Æппæтадæмон мысæн боны охыл тымбыл фынджы куысты, кæцы ацыд ахæм форматы, куыд «Минск- Брест- Мæскуы».
Хурхæтæны мæйы 22-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ хайад райстой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдайæнæй 82 азы рацыды охыл Цхинвалы Кады Аллейы Æнусон артмæ дидинтæ æмæ веноктæ сæвæрыны церемонийы.
Æрæмбырдуæвджытæ ссардтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ иу минут æдзæмæй алæугæйæ.
Цхинвал, 2023 азы хурхæтæны мæйы 22-æм бон
Хурхæтæны мæйы 22-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр хайад райстой Бресты (Беларусь) ацæугæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты амæттæгты Æппæтдунеон мысæн боны æмæ белоруссаг адæмы геноциды охыл мадзæлтты.
Хуссар Ирыстоны адæмы номæй мемориалон комплекс «Бресты гæнах- хъайтар»-ы Æнусон артмæ сæвæрдæуыд дидинтæ.
Ирæтты геноциды амæттæгты Мысæн боны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ хайад райстой 13 ирон коммунары Мемориалон цыртмæ дидинтæ сæвæрыны церемонийы. 13 коммунары 1920 азы хурхæтæны мæйы 20-æм бон Згъудеры къуылдымыл æхст æрцыдысты гуырдзиаг меньшевикты къухæй.
Хуссар Ирыстоны 13:00 сахатыл расидтæуыд æппæтнацион æдзæмæй лæуд, Цхинвалы аргъуанты та ацыдысты ирон адæмы геноциды амæттæгты номарæн службæтæ.
Цхинвал, 2023 азы хурхæтæны мæйы 20-æм бон.
Бендеры трагедийæ 31 азы рацыды охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ мæсæллæйы нотæ.
Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:
«1992 азы хурхæтæны мæйы 19-æм бон горæт Бендерæты цы трагикон цаутæ ‘рцыдысты, уыдон , æнустæм баззадысты Приднестровьейы историйы, куыд сæдæгай удтæ ахæссæг хæстон фыдракæнд.
Хурхæтæны мæйы 15-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар бабæрæг кодта зынгæ ирон нывгæнæг, Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Нывгæнджыты Цæдисы уæнг Хаситы Павелы нывты сæрмагонд равдыст, кæцы байгом Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты (ХИПУ) музейон комплексы.