Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтыл 31 азы сæххæсты цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Министрад йæ сырæзты фыццаг бонæй фæстæмæ фидарæй лæуд у цыфæнды зын геополитикон уавæрты дæр Приднестроваг Молдаваг Республикæйы интерестæ хъахъхъæныны æмæ размæ кæныны фæндагыл.
Бирæ азты дæргъы приднестроваг дипломатты бæрзонд профессионализм æмæ патриотизмы фæрцы рæзы конструктивон æхсæнадæмон диалог æмæ цæуынц скъуыддзаг æддагполитикон фарстытæ.
Ирон-приднестроваг хæларадон ахастыты размæдзыды Приднестровьейы дипломатон службæйы ахадындзинадыл дзургæйæ, фидарæй ныфс дарын, дывæрсон æхсæнпаддзахадон æмгуыстад дарддæр дæр кæй фидар кæндзæн нæ адæмы хæрзиуæгæн».