Арфæйы фыстæджытæ пысылмон диныл хæст адæмы кадджындæр бæрæгбон – Хъуырман-байрамы фæдыл

Южная Осетия и Сирия

Хурхæтæны мæйы 28-æм бон пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ иууыл кадджындæр бæрæгбонтæй иу - Хъуырман-байрам.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар сабырдзинад, хæларад æмæ фæрныгады фæндиæгтимæ арвыста арфæйы фыстæджытæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар Джаафаримæ.

Сæрмагондæй, Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар Джаафарийы бузныджы дзуаппы дзырдæуы:

«Стыр æхцондзинадимæ райстам дæ арфæтæ кадджын бæрæгбон Ид Аль-Адхайы цытæн!

Фæнды нæ уавæрæй пайдагæнгæйæ зæгъын дæуæн дæр, дæ хиуæттæн æмæ æмкусджытæн дæр бирæ азты цæрæнбон, æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ алы хъуыддаджы дæр. 

Дунескæнæгмæ кувæм, цæмæй нæ адæмыл ацы аз ацæуа сабырæй, хæларæй, рæстдзинад æмæ размæдзыды уавæрты».

30.06.2023