Рухæны мæйы 25-æм бон Нью-Йорчы ИНО-йы Генералон Ассамблейы 80-æм сессийы бæрзонд æмвæзады фæлгæтты Гуырдзыстоны президент М. Кавелашвили, йæ разæй фæстаг æвддæс азы чи уыд, уыдонау раныхас кодта æхсæнадæмон трибунæйæ æмæ банысан кодта «оккупацийы хæххытæ», афтæмæй ма «аразгæ цæлхдуртæ æмæ кæддæры тæргайдзинæдты ферох кæнын»-ы æнæмæнгдзинад.
Хъыгагæн, саразгæ агрессийыл бæрндзинад хæссыны, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документ бафыссыны, уæвæг геополитикон реалитæ райсыны бæсты, гуырдзиаг хицауад азæй азмæ декламаци кæны мидисæй цух загъдаутæ.