Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ

Президент РЮО А.Э. Гаглоев встретился с Министром иностранных дел РЮО А.М. Джиоевым

Рухæны мæйы 16-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ. Фембæлды дзырд цыд уагдоны æддагполитикон архайдыл. 

Джиоты Æхсар æрдзырдта 35 азон юбилей бæрæг кæныны фæдыл æддагон политикæимæ баст фарстатыл. Бахахх кодта ацы цауы ахсджиагдзинад. 

«Республикæ Хуссар Ирыстоныл 35 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонмæ æнхъæлмæ кæсæм Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Людвинг Джентскемæ» – фехъусын кодта Джиоты Æхсар.

Министр бахахх кодта, активон куыст кæй цæуы уæрæсейаг коллегæтимæ ахастытæ уæрæх кæныны фæдыл. 

«Кæфты мæйы 1-æм бон Сочийы ацæудзæн Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлд, кæцыйы ма хайад райсдзæн Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барциц» – бахахх кодта уый. 

Джиоты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, дывæрсон ахастытæ сфидар кæнын æмæ æмгуыстады актуалон фарстатыл æрдзурынæн ацы фембæлд суыдзæн ахсджиаг къахдзæф. 

Уый банысан кодта, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ хъус кæй дары æндæр æддагполитикон здæхтытæм дæр. Ацы фадыджы куыст дарддæр цæудзæн, цæмæй æхсæнадæмон аренæйы Хуссар Ирыстоны интерестæ хъахъхъæд цæуой æмæ рæзой.

https://presidentruo.org/vstrecha-s-ministrom-inostrannyh-del-ahsarom-dzhioevym-4/?utm_source=yxnews&utm_medium=desktop&utm_referrer=https%3A%2F%2Fdzen.ru%2Fnews%2Fsearch

16.09.2025