Республикæ Хуссар Ирыстон расидынæй 35 азы рацыды цытæн

МИД Южной Осетии

Рухæны мæйы 20-æм бон Хуссар Ирыстон нысан кæны Республикæ расидынæй 35 азы рацыды бæрæгбон. Республикæ Хуссар Ирыстоны райрæзты историйы ацы бон у бындурон æмæ ахсджиаг цау.  

35 азы размæ Хуссар Ирыстоны автономон областы адæмон депуатты совет райста Паддзахадон суверенитеты фæдыл Деклараци, кæцымæ гæсгæ расидтæуыд Хуссар Ирыстоны Советон Демократион Республикæ Советон Цæдисы сконды. Хуссар Ирыстон ацыд паддзахаддзинад арæзтады фæндагыл.

Хуссар Ирыстонæн суверенитет райсыны фæндаг уыд æрмæстдæр демократион, дзуапп дæтта уæды Советон Цæдисы æппæт закъæттæн дæр, бындуриуæг кодта адæмы бартыл. Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады расидт æрдомдта рæстæг йæхæдæг: Гуырдзыстоны хицауад рацыд закъоны ныхмæ æмæ райдыдта гæрзифтонг агресси, хъавыд Хуссар Ирыстоны территори бацахсын, сæ бартыл тохгæнæг ирон адæмы скуынæг кæнын.

Ахæм зын уавæрты рахастæуыд бæрнон æмæ афоныл политикон уынаффæтæ, кæцыты фæстиуæгæн ног паддзахад райста юридикон тых. Се ‘хсæн – 1991 азы цыппурсы мæйы 21-æм боны ист Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады фæдыл деклараци, хæдбардзинады референдум, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны Акт æмæ Конституцийы райст.

Ацæугæ азтæ равдыстой саразгæ къахдзæфты æнæмæнгдзинад æмæ бæрæг бæлвырд у, уыцы уынаффæ кæй уыд хуссарирыстойнаг адæмы скуынæг кæныны ныхмæ иунæг ахæм раст.

Хуссар Ирыстон рацыд арæзтады зын фæндаг, бавзæрста бирæ хъизæмæрттæ æмæ фыдæбæттæ. 2008 азы майрæмты мæйы 26-æм бон ирон адæмы бирæазон тох фæцис уæлахизæй. Ацы бон Уæрæсейы Федерацийы Президент бафыста Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæдыл историон барамынд. Рæстæгæй бæрæг у, Уæрæсейы Федераци кæй уыд æмæ у Хуссар Ирыстоны сабыр æмæ æдас размæдзыды гарант.

Арфæ уын кæнын Республикæйы боны цытæн, зынаргъ æмбæстæгтæ!

2025 азы рухæны мæйы 20-æм бон

20.09.2025