Арфæйы фыстæг Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ Венесуэлæйы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 16 азы рацыды цытæн

Южная Осетия и Венесуэла

Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 16 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«2009 азы рухæны мæйы 10-æм бон Венесуэлæйы къухдариуæгады уынаффæ Хуссар Ирыстоны суверенитет банымайыны фæдыл нæ паддзахады ног историйы ссис ахсджиаг цау. Уыцы къахдзæфæй равдыстæуыд, Венесуэлæ хæст кæй у адæмты æмбар принциптыл, æмæ уымæй æрæвæрдта фидар бындур нæ бæстæты ‘хсæн стратегион партнерад æмæ политикон диалогæн». 

Ацы ахсджиаг боны фæдыл ма Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесмæ.

 

10.09.2025