Рухæны мæйы 18-æм бон Мæскуыйы ацыдысты æхсæнуагдонон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Европæ æмæ Цæгат Америкæйы фарстаты фæдыл хæдивæг Андреа Корао æмæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесы хайадистимæ.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дывæрсон æмахастытыл. Нысангонд æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы ‘хсæн ахастыты райрæзты ахсджиагдзинад.
Джиоты Æхсар Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта Венесуэлæйы Президент Н. Мадуро æмæ венесуэлæйаг адæмæн.
Бæстæты политикон, экономикон æмæ æндæр мидæггаг хъуыддæгтыл æндæвдадæн уæвæн кæй нæй, ахæм хъуыдыйыл хæст сты фембæлды хайадисджытæ иууылдæр.
2025 азы рухæны мæйы 18-æм бон