Комментарии МИД РЮО

Archive

Дзыллон информацийы фӕрӕзты дарддӕр дӕр активонӕй ныхас цӕуы 2012 азы 14 августы газет «Известия»-йы мыхуырӕрцӕуӕг ӕрмӕгыл, кӕцыйы дзырд цыдис, цыма Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. указӕй Республикӕйы сӕйраг горӕтӕн скӕсӕны ‘рдыгӕй цы цалдӕр гуырдзиаг хъӕуы ис, уыдон хъуамӕ ныххафой. Уыцы уацы тыххӕй тынг стыхстысты ныры ӕмӕ ивгъуыды гуырдзиаг политикӕйы, афтӕ ма дунеон организацийы иуӕй-иу минӕвӕртты, уыцы нымӕцы къаддӕр нациты хъуыддӕджы фӕдыл ОБСЕ Уӕлдӕр къамисар ӕлдар Воллебек.

НАТО-йы саммиты фæстиуæгæн 2012 азы 21 майы Чикагойы цы хъусынгæнинаг райстæуыдис, уым цæгататлантикон альянсы бæстæтæ Гуырдзыстоны НАТО-йы баиу кæнынмæ тырнындзинады æвварс хæцгæйæ, æрсидтысты Уæрæсемæ, «цæмæй фæстæмæ алæууа Гуырдзыстоны регионтæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбар паддзахадыл банымайынæй æмæ фæкъаддæр кæна уæрæсеаг уæвынад ацы регионты».

Сирийы цы кризис рæзы, уый Хуссар Ирыстоны æвзæрын кæны тынгæй-тынгдæр катай. Ацы бæстæйæ цы хабæрттæ хъуысы, уыдон æвдисæн сты Дамасчы ног хæстон инциденты, тугкалды, теракты æмæ сабыр цæрджыты ‘хсæн бирæнымæц амæттæгтæн.

Сири абон æвзары вазыгджын рæстæджытæ æмæ фыццаг рады та – афтæхуыйнæг фæсарæйнаг хæрзмæбæлджыты аххосæй, кæцытæ иуæй дзурынц, зæгъгæ, хæцынц демократийы фарс, æмæ иннæрдыгæй та боевикты хотыхджын кæнынц, афтæмæй кæрæдзийыл ардауынц ныхмæлæуд фæрсты, цырен кæнынц дарддæры æгъатыр æмæ æнæбафидаугæ конфронтаци.

2012 азы 16 июль Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад цы хъусынгæнинаг апарахат кодта,уым зæрдæрисæй дзырдæуы Хуссар Ирыстонмæ сурзæххон æфсадыл сæйрагкомандæгæнæг инæлар-булкъон Владимир Чиркины тыххæй,кæцы визиты уæвгæйæ,цыма фехæлдта «Гуырдзыстоны падзахадон арæнтæ,æрцыдис Уæрæсе кæй сокупаци кодта, Гуырдзыстоны уыцы регионмæ - Цхинвалы регион æмæ Абхазмæ».

2012 азы 3 июлы ИНО Генералон Ассамблей хорзыл банымадта, Гуырдзыстон хъæлæс кæнынмæ кæй рахаста, уыцы резолюциты проект «Мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдысты цæрынмæ, уыдон æмæ Абхазæй, Гуырдзыстонæй æмæ Цхинвалы районæй (Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон) æмæ лигъдæтты тыххй резолюцийы проект» Гуырдзыстоны делегаци Генассамблейы секретариатмæ ацы резолюци 2008 азы августæй фæстæмæ бахаста ныр æртыккаг хатт, уымæй дæр резолюцийы текст бынтондæр у раздæры азты документы хуызæн, кæцыты фæрцы йæ фæнды æмæ бафæлвара политикон-дипломатонметодтæй ситуацииннæрдæм аздæхыныл, ома гуманитарон тематик

Зынгонд куыд у, афтæмæй 2012 азы 20-21 майы Чикагойы уагъд æрцæудзæнис Цæгатаг атлантикæйы радон саммит. Уыцы саммитæй Гуырдзыстон æнхъæлмæ кæсы бирæ цæмæдæрты. Гуырдзыстон æнхъæлмæ кæсы бирæ цæмæдæрты. Гуырдзыстоны къухдариуæгады ныфс ис, зæгъгæ НАТО-йы Чикагойы саммиты Альянсы бæстæтæ Гуырдзыстонмæ дзурдзысты «НАТО-йы уæнг суæвыны «бæсдæты-аспирантты нымæцы.» Гуырдзыстоны минæвæрттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уарзынц сæ бæстæйыл алыгъуызон химæлвасæг ярлыктæ ауындзын æмæууыл Хуссар Ирыстоны ничи мæсты кæны.

2012 азы 15 майы газет «Взгяд» куыд фехъусын кодта, афтæмæй ОБСЕ парламентон Ассамблейы демократи, адæймаджы бартæ æмæ гуманитарон фарстаты фæдыл комитеты Сæрдар Маттео Мекаччи Гуырдзыстоны куы уыдис, уæд фехъусын кодта, цыма ОБСЕ «Фæнд кæны, цæмæй гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы» июлы сæндидзын кæна мисси, кæцы дисы бафтыдта Цхинвалы. ОБСЕ Хуссар Ирыстоны афтæ кæй фæнд кæны, уый тыххæй хъусгæ дæр никуы ницы фæкодтой, уымæн æмæ ницахæм сидт нæ уыдис æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауиуæгадимæ уагъд нæ цæуынц ницахæм бадзырдтæ.

Цаутæ куыд уынын кæнынц, афтæмæй Уæрæсейы Федерациты æмбæстæгты Гуырдзыстонмæ бацæуыны визæтæ аивыны тыххæй Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили бæстæйы парламентмæ 2012 азы 27 февралы йæ ‘рвылазон инстуаны цы загъта, уый у радон пропагандистон амал, кæцы Гуырдзыстонмæ, уæрæсейаг æмбæстæгтæй фылдæр бацæуа, уый тыххæй уыйбæрц нæу, цас у дунеон æмæхсæнады цæстмæ арæзт миф ацы идеаты авæры «конструктивондзинад» æмæ «сабыруарзæг» архайдтытæ æвдисынæн.

Фæстаг рæстæджы гуырдзиаг дзыллон информациты фæрæзты бирæ хæттыты цыдис дзырд Хуссар Ирыстоны арæнгæрон гуырдзиаг хъæу Эргнеты цур базар бакæныны тыххæй. Уыимæ иумæ ма гуырдзиаг журналисттæ æмæ эксперттæ хъавынц, базар бакæныны инициативæ Хуссар Ирыстоны разамынадæй цыма рацыдис, ахæм хъуыды апарахат кæнынмæ.

Дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Нино Каландадзе дыццæджы, 17 апрелы, брифингы фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад « комментаритæ нæ кæндзæн Хуссар Ирыстоны де-факто хæдрасидгæ президенты Тыбылты Леониды инициативайæн Эргнеты хъæуыцур базары куысвт сног кæныны тыххæй».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ма раздæрн куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2012 азы 8 апрелы Хуссар ирыстоны адæм Республикæйы Конституцимæ гæсгæ æмæ æвзæрстыты закъондæттинад æххæст кæнгæйæ, сæвзæрста бæстæйы президенты. Фæлæ иуæй-иу бæстæтæ, сæрмагондæй та Азербайджаны, Гуырдзыстоны æмæ АИШ сарæзтой хъусынгæнинæгты, зæгъгæ, Хуссар Ирыс æвзæрстыты нымайынц «æнæлигитимоныл».

Дзыллон информациты фæрæзтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Гуырдзыстоны президент Саакашвили не сразы европæйаг дыууæ дзырдзæугæ организаци - немыцаг Маршалы фонд æмæ Роберт Бошы фонды делегацитæ райсыныл, кæцытæ пълан кодтой апрелы Гуырдзыстонмæ æрцæуын, кæд æмæ зæгъы, делегациты сконды уой зынгонд немыцаг дипломат, ныртæккæ Бошы фонды эксперт Дитер Боден æмæ Кæрдæггъуызты партийæ Германы Бунденстагы депутат Виола фон Крамон.