Республикæ Хуссар ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы комментарий.

2012 азы 15 майы газет «Взгяд» куыд фехъусын кодта, афтæмæй ОБСЕ парламентон Ассамблейы демократи, адæймаджы бартæ æмæ гуманитарон фарстаты фæдыл комитеты Сæрдар Маттео Мекаччи Гуырдзыстоны куы уыдис, уæд фехъусын кодта, цыма ОБСЕ «Фæнд кæны, цæмæй гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы» июлы сæндидзын кæна мисси, кæцы дисы бафтыдта Цхинвалы. ОБСЕ Хуссар Ирыстоны афтæ кæй фæнд кæны, уый тыххæй хъусгæ дæр никуы ницы фæкодтой, уымæн æмæ ницахæм сидт нæ уыдис æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауиуæгадимæ уагъд нæ цæуынц ницахæм бадзырдтæ.

Ахæм хъусынгæнинаг ма дисы баппæрста уымæй дæр æмæ 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агрессийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агресситы æмæ Республик Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон банымады фæстæ нал ис ницахæм «гуырдзиаг-ирон конфликты зонæ,» фæлæ ис, бæстонгонд чи не ‘рцыдысты, ахæм ахастытæ дыууæ сыхаг паддзахадты ‘хсæн. Уымæ гæсгæ æмбæрстгонд нæу, æлдар Мекаччийæн йæ зæрды кæм ис ОБСЕ Республикæ Хуссар Ирыстоны ахастытыл дзырд куы цæуа, уæд 2008 азы августы фæстæ,кæй зæгъын æй хъæуа, ацы организацийæн Хуссар Ирыстоны раздæры мандатæй йæ бон нæ уыдис æмæ нæ кусы, нæй йын ног мандат дæр. Кæд ОБСЕ миссийы минæвæртты архайд æмæ позицитæм уыдис серьезон претензитæ, уæддæр Хуссар Ирыстон бирæ хæттыты хатыд ОБСЕ къухдариуæгадмæ, цæмæй æруынаффæ кодтаиккой 2008 азы августы фæстæ се ‘хсæн цы амахастытæ сырæзтысты, Республикæ Хуссар Ирыстоны реалиты æмæ йæ банымайыны хъуыддаджы, уыдон хынцгæйæ, фæлæ уæдæй фæстæмæ ацы дунеон организацийы ‘рдыгæй нæма ис æвæрцæг реакци.

Хуссар Ирыстоны хицауиуæгад та бирæ хæттыты дзырдта, æппæт дунеон организацитимæ дæр цæттæ кæй у æмкуысткæнынынадмæ, кæцытæ аргъ кæнынц Хуссар Ирыстоны адæмæн æмæ разы сты сæвзæргæ политикон реалитимæ.

Цхинвал, 2012 азы 16 май

16.05.2012