2012 азы 16 июль Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад цы хъусынгæнинаг апарахат кодта,уым зæрдæрисæй дзырдæуы Хуссар Ирыстонмæ сурзæххон æфсадыл сæйрагкомандæгæнæг инæлар-булкъон Владимир Чиркины тыххæй,кæцы визиты уæвгæйæ,цыма фехæлдта «Гуырдзыстоны падзахадон арæнтæ,æрцыдис Уæрæсе кæй сокупаци кодта, Гуырдзыстоны уыцы регионмæ - Цхинвалы регион æмæ Абхазмæ».
Раст хъуыды ницæмæ дарын оппозицион Тбилисæн кæддæриддæр уыдис характерон æмæ ахæм ныхæстæ гуырдзиаг фæрсæн,дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр,сты традицион æфхæрæнтæ чи систы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсемæ ахасты,ахæмтæ.Гуырдзыстоны нæ фæнды бахынца ныртæккæйы реалитæ æмæ алы амæлттæй дæр архайы,Республикæ Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахадæй кæй уæвынад кæны уыцы факт нивелиркæныныл.
Æцæгæйдæр, инæлар-булкъон Владимир Чиркин кусæгон визиты уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны, уымæн æмæ иугæр Уæрæсейы Федераци æмæ Респуликæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ис æнгом æмкуысткæнынад, уыцы нымæцы кæрæдзимæ официалон æмæ кусæгон визиттæ дæр, уæд уым диссагæй ныцы ис. Сурзæххон æфсадыл сæйрагкомандæгæнæг инæлар-булкъон Владимир Чиркин нæ фехæлдта Гуырдзыстоны паддзахадон арæн, уый нæ, фæлæ ма йæм æввахс дæр нæ бацыдис. Æттагон политикæйы рæзтæн стыр нысаниуæг дæтгæйæ, Хуссар Ирыстон йæ ахастытæ аразы йæхи фæндонмæ гæсгæ æмæ йæ мидæггагон хъуыддæгты хи хæццæ кæнын нымайы куыд дунеон принциптæхалын, афтæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад бирæ хæттыты хъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн ныцы ахаст ис Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинадмæ.Уæрæсейаг æфсæддон контингентæн Хуссар Ирыстоны территорийыл кæй ис, уый тыххæй дзырд куы цæуа,уæд уый тыххæй дывæрсыг уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг бадзырд æмæ Хуссар Ирыстоны адæм уæрæсейаг æфсæддон контингентæн регионы нæ уыны æндæр альтернативæ, Хуссар Ирыстонмæ ахасты Гуырдзыстоны агрессивон политикæ зæрдыл даргæйæ.
Æхсин Хайди Тальявитийы сæргълæудæй Евроцæдисы хæдбар къамисы доклады хатдзæгтæ дунейæн комкоммæдæр сбæлвырд кодтой, 2008 азы августы растдæр Гуырдзыстон кæй уыдис агрессор, уый фæстæ та æдзухон æфсæддон цæттæдзинæдтæ æмæ Гуырдзыстоны æртхъирæнтæ «территориалон æнæхъæндзинад» сæндидзын кæнынмæ,хъыгагæн, дунеон æмæхсæнадæн йæ хъус нæма не ‘рдарта æмæ уый,æцæгæйдæр, у серьезон тæссагдзинад æмæ дзурæг у Гуырдзыстоны къухдариуæгады реваншистон зæрдæйы уагыл.
Гурдзыстонæн йæ бон æвæрццагæй бандавын у регионы ситуацийыл æрмæстдæр уæд, кæд æмæ бафидауа политикон реалондзинадимæ æмæ хæларсыхагон ахастытæ сараза Хуссар Ирыстонимæ, уæд.
Цхинвал, 2012 азы 18 июл