Фæстаг рæстæджы гуырдзиаг дзыллон информациты фæрæзты бирæ хæттыты цыдис дзырд Хуссар Ирыстоны арæнгæрон гуырдзиаг хъæу Эргнеты цур базар бакæныны тыххæй. Уыимæ иумæ ма гуырдзиаг журналисттæ æмæ эксперттæ хъавынц, базар бакæныны инициативæ Хуссар Ирыстоны разамынадæй цыма рацыдис, ахæм хъуыды апарахат кæнынмæ. Уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ныммыхуыр кодта хуссарирыстойнаг позици, кæцыйы дъырд цæуы, зæгъгæ, 2004 азы онг Гуырдзыстоны территорийыл чи куыста, уыцы базары хъысмæт у сыхаг паддзахады мидæггагон хъуыддаг æмæ йын нæдæр йæ сæхгæнынмæ æмæ нæдæр йæ бакæнынмæ Хуссар Ирыстонæн ницы ахаст ис.
Фæлæ нæ ацы фарстмæ уæддæр раздæхын бахъуыдис ногæй, уымæн æмæ гуырдзиаг журналисттæ базар ногæй бакæныны инициативæ сæвæрдтой æрæджы Хуссар Ирыстоны Республикæйы ногæй снысангонд Генералон прокурор Цгъойты Мерабыл. Уый раздæр уыдис Фæскавказы æдасадзинады фæдыл фембæлдысты, инцидентæ ма ‘руадзыны æмæ иуварс кæныны уагъдцæуæг Женевæйы дискусситы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргълæууæг.
Æцæгæй та Цгъойты Мераб, 30 апрелы чи уыдис инциденттæм хъуысдард здахын æмæ сæ ма‘руадзыны механизмты фæлгæтты радон фембæлды фæстæ гуырдзиаг журналисты фарст Эргнеты базар ногæй бакæнынмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад цахæм цæстæй кæсы, уымæн дзуапп. Загъта, базар сæхгæнын, кæцыйы æрвыл бон дæр кæрæдзийыл æмбæлдысты Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны цалдæргай мин æмбæстæгты, уыдис «тынгстыр æдылыдзинад». Йæ ацыдзырдтæй уый комментарий сарæзта гуырдзиаг хицауиуæгады архайдæн, кæцы 2004 азы скуынæг кодтадыууæ сыхаг паддзахады адæмы ‘хсæн экономикон æмархайды фæдыл таутæ чи скодта, уыдон, кæцытæ сындæггай, фæлæ разындысты 1989-1992 азты Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агрессийы фæстæ. Уыимæ иумæ базар скусынкæныны фарст, Цгъойты Мерабы фæнды æви нæ фæнды, уый бынтондæр баст нæу Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады фæндондзинадимæ. Уый загъта æрмæстдæр сыхаг паддзахады ситуацимæ ахасты йæ фæндондзинад æмæ йын уый бар та дæтты дунеон барад, фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ йæхи хæццæ кæны æндæр паддзахады мидæггагон хъуыддæгты.
Ацы темæйы фæдыл радзур-бадзур гæнæн ис æмæ сты гуырдзиаг радон стратегиты нюанс Хуссар Ирыстонмæ кæнæ та Гуырдзыстоны президент цы «сабырадон» «инициативæ» раразмæ кодта, уыдонæй сæ иу.
Уыдон та, куыд уынæм, афтæмæй 2004 азæй фæстæмæ кæнынц æрмæстдæр ситуаци карздæр кæнынмæ, 2008 азы та систы Хуссар Ирыстоны ныхмæ æргом хæстон агресси.
Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады позицийыл дзырд куы цæуа,уæд уый баззадис æнæивгæйæ - Хуссар Ирыстон кæддæриддæр хæцыдис æмæ хæцы Хуссар Ирыстоны æмæ сыхаг Гуырдзыстоны ахастытæ сабырадон æгъдауæй скъуыддзаг кæныны фарс дунеон барадмæ гæсгæ æмæ мидæггагон хъуыддæгты хи нæ хæццæ кæныны принципы фарс. Экономикон ахастытæ саразынæн уавæртæ фæуаит, Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыххæй ма спайда кæныны тыххæй юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл Гуырдзыстоны хицауиуæгад йæ къух куы æрфыссид æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымаид, уæд уый.
Цхинвал, 2012 азы 3 май