Республикæ Хуссар Ирыстон Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблея лигъдонты тыххæй резолюци кæй райста, уый фæдыл

2012 азы 3 июлы ИНО Генералон Ассамблей хорзыл банымадта, Гуырдзыстон хъæлæс кæнынмæ кæй рахаста, уыцы резолюциты проект «Мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдысты цæрынмæ, уыдон æмæ Абхазæй, Гуырдзыстонæй æмæ Цхинвалы районæй (Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон) æмæ лигъдæтты тыххй резолюцийы проект» Гуырдзыстоны делегаци Генассамблейы секретариатмæ ацы резолюци 2008 азы августæй фæстæмæ бахаста ныр æртыккаг хатт, уымæй дæр резолюцийы текст бынтондæр у раздæры азты документы хуызæн, кæцыты фæрцы йæ фæнды æмæ бафæлвара политикон-дипломатонметодтæй ситуацииннæрдæм аздæхыныл, ома гуманитарон тематикæтæ пайда кæнгæйæ, Гуырдзыстонæн фæстæмæ здæхт æрцæуой цы позицитæ фесæфта, уыдон.Цæмæдæр гæсгæ ИНО ГА уæнг-бæстæты хайадисджытæй резолюцийы ‘вварс чи рахæцыдысты, уыдонæй дис никæмæ фæкастис резолюцийы иувæрсыгдзинад æмæ документмæ æркæсгæйæ, ничи бацымидис кодта, резолюцийы уавæр æцæгæй куыд у уымæ.

Конфликтон фарстатæн æмбæлон баланс ссарын у, проблемæ æппæтфарсонæй сахуыр кæнын, уæвæг реалитæ бахынцын, паддзахадты кæрææдзимæ ахастыты банывыл кæныны методтæ. Ӕнæуыдон, кæй зæгъынæй хъæуы иумиаг фæстиуæгон формулæйæн нæй ссарæн.Афтæмæй резолюци, чи йæм цымыдис кæны, уыдон позици нæ бахынцгæйæ, у æрбæстон кæныны принципты æмæ йæ «Философийы» ныхмæ. Хуссар ирыстон бирæ хаттыты æвæрдта фарст, цæмæй йæ минæварæн фадат лæвæрд æрцыдаит ИНО-Генералон Ассамблеяйы рабадты раныхас кæнынæн, цæмæй сæм фæхæццæ кодтаит Хуссарирыстойнаг адæмы позици æмæ сын загътаит ситуаци куыд уыны, уый, уыцы нымæцы лигъдонты проблемæ дæр, фæлæ уый ауагътой сæ хъуысты иувæрсты.

Резолюцийы æнахуыр у ахæм «тæригъæд кæныны» хъуыды цыдæр гипотетикон лигъдæттæм ахасты, кæд æмæ æцæг истори хъуыды кæны Хуссар Ирыстоны территори хæдбарæй чи ныууагътой, ахæм этикон гуырдзиагты, кæцытæ цалдæр боны раздæр зыдтой гуырдзиаг æфсад кæй æрбабырсдзысты, уый.
Адæймаджы дисы æфтауы ИНО ГА хайадисджыты-бæстæты позици дæр, кæцытæ дзырдтæй цыма хæсджын сты адæмы интерестæ бахъахъхъæныны тыххæй æмæ хъуыддагæй та уый аразынц æвзаргæйæ, афтæмæй та йæм кæсын хъæуы политикон цæстæнгасæй. Ӕвæццæгон сæ куы бахъæуы политикон хъуыддагмæ хъуыдытæ балæууын, уæд сын хуыздæр вæййы, цæмæй ферох кæной сæ химæрайсгæ хæстæ адæймаджы бартæм, куыд универсалон æргъадтæм, афтæ æркæсын.

Науæд куыд ис бамбарæн уымæн æмæ растæр ныртæккæ кæй райдыдтой хъæр кæнын лигъдæттæ æмæ иу ранæй иннæ ранмæ бар-æнæбары кæй бахъуыдис ацæуын, уыдон алыварс, кæд æмæ 1990-1992 азты этикон асыгъдæг кæнынæй тæрсгæйæ, Г уырдзыстонæй æмæ хуссар Ирыстонæй æндæр æмæ æндæр зонæнтæм гæсгæ кæй фæлыгъдысты сæдæ мин иронæй фылдæр.Уыдонæн сæ фылдæр хибаууонгæнæн ссардтой Уæрæсейы Федерацийы, сæ иутæ та ситсты бынаты, хуссар Ирыстоны территорийыл иу ранæй ранмæ ацæуыл кæй бахъуыд, ахæмтæ.

Ныры онг дæр Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Уæрæсе сконды Хуссар Ирыстойнаг лигъдæтты дæсгай мин фæстагæттæ, кæцытæ 1920 азы июлы сæ цард бахъахъхъæдтой тугæргæвст кæнынæй, кæцы сын саразта Гуырдзыстоны ДемократонРеспубликæ йæ къухдариуæгады разамындæй Хуссар Ирыстонæй фæлидзæг лигъдонтæн æмæ сæ фæстæгты нымæц ныридæгæн ахызтис Хуссар Ирыстоны цас цæрынц уыдонæй.

Хуссар Ирыстонмæ фæдфæдылонæй кæй бырста, бирæ сæ фæцæхъдын æмæ сæ этикон сыгъдæг кæй кодта, уый ссис гуырдзиаг лидертæ æмæ сын сæ æгъатыр фæнд æххæстгæнджытæ сæ фыдракæндты тыххæй æфхæрд кæй баййафынц, уый фæстиуæг. Ӕппæт уыдæттæй ис ахæм хатдзæг саразæн æмæ ныгуылæйнаг бæстæтæ регионы проблемæ уынынц зыгъуыммæгондæй иуварсон форматы гуырдзиаг хицауады призмæйы ‘хсæнты бынтондæр ницæмæ дарынц РеспубликæХуссар Ирыстоны реалитæ æмæ интерестæ.

ИНО ГА цы ангажиргонд резолюцийы проект роайста, уымæн йæ бон у æмæ зиан æрхæсса Женевæйы дискусситы архайдæн, кæцы абоны бонмæ у иунæг ахæм бынат, Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæГуырдзыстоны минæвæрдтæ сæ сæвзæргæ проблемæтæ кæрæдзийон кæм фæдзурынц.

Цхинвал, 2012 азы 5 июл

06.07.2012