Республика Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментарий Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты тыххæй къорд фæсарæйнаг бæстæты реакциты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ма раздæрн куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2012 азы 8 апрелы Хуссар ирыстоны адæм Республикæйы Конституцимæ гæсгæ æмæ æвзæрстыты закъондæттинад æххæст кæнгæйæ, сæвзæрста бæстæйы президенты. Фæлæ иуæй-иу бæстæтæ, сæрмагондæй та Азербайджаны, Гуырдзыстоны æмæ АИШ сарæзтой хъусынгæнинæгты, зæгъгæ, Хуссар Ирыс æвзæрстыты нымайынц «æнæлигитимоныл».

Къорд бæстæты ахæм реакци кæй уыдаит, уый зхыдтой Хуссар Ирыстоны æмæ хъыг ныкæимæ фæкастис. Цæмæй исты хатдзаг саразай, уый тыххæй, æппынкъаддæр хъæуы, цæмæй дæхæдæг дæ цæст дарай, хъæлæскæнын куыд цæуы, уымæ фæлæ Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты «легитимондзинады тыххæй чи тыхсы», уыдонæй иунæг дæр йæхи нæ батыхсын кодта Хуссар Ирысдонмæ йæ цæстдарджыты рарвитыны тыххæй, цæмæй уый фæстæ арæзтаит документалон æгъдауæй мотивацигонд хатдзæгтæ.
Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты процессмæ сæ хъус дардтой фондз бæстæйы 43 дунеон цæстдарæджы æмæ се ‘ппæт дæр загътой президентон æвзæрстыты æргомдзинады тыххæй, уагъд кæй æрцыдысты дунеон æппæт стандарттæм гæсгæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æвзæрстыты æнæлигитимонæй ацæуыны тыххæй хъусынгæнинæгты нымайы ангажиронтыл, æцæгдзинадимæ иудзинадæй кæмæн ницы ис, ахæмтыл. Стæй ма уый дæр æмæ кæй сты Хуссар Ирыстоны политикон институтты демократон рæзты нивæлирконынмæ бахъавдтытæ.

2012 азы 8 апрелы уагъд цы президентон æвзæрстытæ æрцыдысты, уыдон ноджыдæр бæлвырд кæнынц политикон процессты стабилондзинад, Хуссар Ирыстоны цы демократон бындурыл арæзт традицитæ æмæ дунеон нормæтæ бабæлвырд кодтой йæ адæм сæ зæрдæтæм арф кæй исынц Республикæ Хуссар Ирыстоны дарддæры демократон рæзты институттæ.

Цхинвал, 2012 азы 13 апрелы

13.04.2012