Сирийы цы кризис рæзы, уый Хуссар Ирыстоны æвзæрын кæны тынгæй-тынгдæр катай. Ацы бæстæйæ цы хабæрттæ хъуысы, уыдон æвдисæн сты Дамасчы ног хæстон инциденты, тугкалды, теракты æмæ сабыр цæрджыты ‘хсæн бирæнымæц амæттæгтæн.
Сири абон æвзары вазыгджын рæстæджытæ æмæ фыццаг рады та – афтæхуыйнæг фæсарæйнаг хæрзмæбæлджыты аххосæй, кæцытæ иуæй дзурынц, зæгъгæ, хæцынц демократийы фарс, æмæ иннæрдыгæй та боевикты хотыхджын кæнынц, афтæмæй кæрæдзийыл ардауынц ныхмæлæуд фæрсты, цырен кæнынц дарддæры æгъатыр æмæ æнæбафидаугæ конфронтаци.
Уый фæдыл Цхинвалы нымайынц: ахæм инициативæтæ сты, барæй сирийæгты сæфтмæ чи кæны, ахæмтæ. Уыдон проблемæйы хъуыддаг канд иуварс нæ кæнынц, фæлæ ма къуылымпы кæнынц æцæгæй проблемæ аскъуыддзаг кæнын, кæцытæн сæ бон уаид ныртæккæйы эскалацийæн кæрон скæнын. Сириаг адæм хъуамæ сæхæдæг аскъуыддзаг кæной, цы аразын сæ хъæуы, уый.
Конфликты æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнын къухты нæй гæнæн æмæ бафта, хорз уавæртæ арæзт куы ‘рцæуа терроризмæн æмæ дывæр стандарттæй пайда куы цæуа, уæд, кæцæйфæндыдæр ма цæуæй, уæддæр.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад сиды, цæмæй Сирийы территорийыл кæрон æрцæуа тыхбахасты цæхæмфæнды хуызтæн дæр. Нымайæм, зæгъгæ, цæмæфæндыдæр нæ кæсгæйæ, Сирийы хъуыддаг сабырадон æгъдауæй æрбæстон кæнынæн нырма ис гæнæнтæ. Хуссар Ирыстоны сæ хъус лæмбынæгæй дарынц, Сирийы уавæр куыд рæзы, уымæ æмæ ныфсдзинад зæгъынц, зæгъгæ, бæстæйы къухдариуæгадæн йæ бон бауыдзæнис иууыл цыбырдæр æмгъуыдмæ кризис политикон амæлттæй кæй æрбæстон уыдзæнис, уымæй.
Цхинвал, 2012 азы 20 июл