Сообщения МИД РЮО

Archive

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл дунеон дискусситы 30-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2014 азы 9-10 декабры Женевæйы дунеон дискусситы фæлгæтты уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл радон фембæлд. Уагъд цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазы Республикæйы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегациты, афтæ ма ЕЦ, ИНО, ЕЦÆО минæвæртты скондæй. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.

2014 азы 26-30 ноябры Стамбулы уагъд цыдис аивады Æхсæнадæмон фестиваль «Ирыстоны культурæйы бонтæ Турчы», кæцыйы Уæрæсейы культурæйы министрады фарсхæцынадæй сорганизаци кодта РЦИ-Аланийы культурæйы министрад, Стамбулы ирон æхсæнад «Алан»-ы хайадистæй. Ацы æхсæнады сырæзтыл ацы аз сæххæст 25 азы.

11 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фарстаты фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй, уыдис кусæгон фембæлд Женевайы дискусситы хуссарирыстойнаг хайадисæг делегацийы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинад æрбæстон кæныны фæдыл Женевайы дискусситы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ БНО Æмсæрдæрттимæ фембæлд, кæцытæ Республикæмæ æрцыдысты радон дискусситы раунды хæдразмæ.

2015 азы 2-3 июны Мæскуыйы уагъд цыдис æвзонг дипломатты Дыккаг форум. Хайад дзы райстой Абхазы, Сомихстоны, Белоруссийы, Хъазахстаны, Хъыргъызы, Молдавийы, Уæрæсейы, Таджикистаны, Туркменистаны æмæ Хуссар Ирыстоны дипломатон уагдæтты минæвæрттæ. Форумы хайадисджытæ æнæформалон, хæларадон уавæрты руынаффæ кодтой æхсæнадæмон боны фæткы бирæ фарстатыл Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къухдариуæггæнджытæ æмæ эксперттæ.

2015 азы 28 майы Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. Аппараты уыдис фембæлд Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ, Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы уæнгтæ А.А. Двинянин, Н.Е. Жуков æмæ М.М. Кулахметовимæ. Фембæлды хайад райста Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты К.И.

2015 азы 16 майы Сардинийы г. Сассарийы уагъд æрцыдис дунеон конференци ахæм темæйыл: «Националон хæдбардзинад æмæ дунеон æмхæдбарад». Сорганизаци йæ кодта парламентон къорд æмæ Федераци Медитерранеа-Маре Нострум (Бæстыастæу денджыз – нæ иумиаг денджыз) Сардинийы Регионалон Советы фарсхæцынадæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты номæй конференцийы арфæйы ныхас ракодта Итали-Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады æхсæнады Президент профессор Мауро Мурджиа.

Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдис бæрæгбонон церемони Луганскы Адæмон Республикæ æмæ Донецкы Адæмон Республикæты Минæварадтæ бакæныны фæдыл. ЛАР делегацийы сæргъ лæууыдис ЛАР Сæргълæууæджы администрацийы къухдариуæггæнæг Хоршева Наталья Иваны чызг. ДАР делегацийы сæргъ та – Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Кофман Александр Игоры фырт.

2015 азы 23 апрелы Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Тыбылты Даниель Манагуайы фембæлдис Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Самуэль Сантос Лопесимæ.

Фембæлды Тыбылты Даниель Самуэль Сантос Лопесмæ радта æууæнчы грамотаты халдихтæ.

Ныхас кæныны рæстæджы, кæцы ацыдис кæрæдзийæн аргъ кæныны æмæ æмбарыны уавæрты, кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой дывæрсыг ахастытæ æмæ дунеон боны фæткы актуалон фарстаты фæдыл.

Цхинвал, 2015 азы 24 апрель

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны, 2015 азы 23 апрелæй кæй райдайдзæнис Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) конкурсон равзæрсты нысанон бынæтты хайад райсын сæраппонд кæй райдайдзæнис куырдиæттæ исын.

22 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Республикæ Науруйы делегацийы. Йæ сæргъ лæууыдис Вице-президент Дэвид Адеанг. Делегацийы сконды ма уыдысты Парламенты вице-спикер Рэнин Акуа, Финансты министры хæдивæг Мартин Хант æмæ Парламенты депутат Сирил Бурамен. Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй фарс химæрайсты хайад райстой Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Казбулат æмæ Æттагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл Парламенты комитеты сæрдар Коцты Игорь.

21 апрелы киноконцертон залы «Чермен» байгом италиаг фотограф Леонардо Маттиолийы фоторавдыст ахæм номимæ: «Хуссар Ирыстон – бæстæ æмæ адæм». Йæ организатор уыдис РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Итали-Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады æхсæнадимæ иумæ РХИ Культурæйы министрады фарсхæцынадæй.

Равдыст байгом кæныны хайад райстой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А.К., РХИ Хицауады сæрдары хæдивæг Пухаты Э.Г., РХИ Культурæйы министр Остъаты М.А., Итали-Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады æхсæнады Президент Мауро Мурджиа, æхсæнады минæвæрттæ.

2015 азы 16 апрелы Мæскуйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Казбулатæн фембæлд уыдис Республикæ Науруйы делегациимæ, кæцыйы сæргъ лæууыди Президенты Æххуысгæнæг, финансты æмæ юстицийы министр Дэвид Адеанг.