20 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. йæхимæ райста Днестыргæрон Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Игнатьев В.В., уый Хуссар Ирыстонмæ æрцыд Республикæйы Боны 26 азы цытæн уагъд бæрæгбонон мадзæлттæм Днестыргæрон Молдаваг Республикæйы делегацийы сконды.
Фембæлды хайад райстой РХИ ФХМ фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты хайады сæргълæууæг Санахъоты А.Г., Республикæ Хуссар Ирыстоны Днестыргæрон Молдаваг Республикæйы Официалон минæварады Сæрдар Коцты Е.Э. æмæ ДМР ФХМ Протоколон ифтонгады управленийы хистæр Череш С.А.
Дыууæ фарсы дæр банысан кодтой 2016 азы 20 сентябры РХИ æмæ ДМР æхсæн хæларад, æмгуыстад æмæ партнердзинады фæдыл ног æрфыст Бадзырдзы асджиагдзинад. Уый æрфыссыны сæр бахъуыд æхсæнадæмон уавæры ног реалитæ кæй фæзынд, уымæ гæсгæ. Æрдзырдæуыд ма æрцыд дывæрсыг ахастыты уавæрыл стæй уæд сæ дарддæры райрæзт æмæ фидар кæныныл.
Цхинвал, 2016 азы 20 сентябрь