Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты пресс-службæйы хъусынгæнинаг

4-5 октябры Женевæйы цæуы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон, 37-æм раунд. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг у РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К.

4 октябры Хуссар Ирыстоны делегаци ауагъта дыууæварсон консультацитæ æхсæнадæмон организациты минæвæрттимæ. Боны дæргъы уагъд æрцæудзысты æртæварсон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийæн Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Абхазы делегацитимæ.

Дискусситы сæйраг кусæгон боны дæргъы, 5 октябры, фыццаг кусæгон къорды хуссарирыстойнаг фарс та ногæй æрсидтдзæн тыхæй ма спайда кæныны принципыл æнувыддзинады фæдыл иумæйаг фидиуæн райсынмæ. Уымæй дарддæр ма, ныхас цæудзæн регионы æдасдзинады актуалон фарстатыл.

Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн Паддзахадон арæны дæргъыл æдасдзинад сифтонг кæнынæн ахсджиаг фарсты хуызы гуырдзиаг фарсæн загъд бачындæуыдзæн РХИ æмæ Гуырдзыстоны Паддзахадон арæны делимитацийы куыстытæм иумæйагæй æрæвналын.

Дыккаг кусæгон къорды æрдзурдзысты гуманитарон фарстатыл, уыдон нымæцы æбæрæгæй сæфтыты фарстатыл æмæ Гуырдзыстоны территорийыл ирон историон бынтæ бавæрыныл.

Цхинвал, 2016 азы 4 октябрь

 

04.10.2016