Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

13-14 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон балцы уыд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады Женевæйаг дискусситы æмсæрдæртты делегаци.

13 сентябры Æмсæрдæртты делегаци Цхинвалы фембæлд РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К. æмæ Женевæйаг дискусситы Хуссар Ирыстонæй хайадисджытимæ.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд ацы аз 4-5 октябрмæ снысангонд Женевæйаг дискусситы радон 37-æм раунды боны фæткыл.

Регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад фидар кæныны контексты, хуссарирыстойнаг фарс та ногæй бахахх кодта тыхæй ма спайда кæныны принципыл иузæрдиондзинад æвдисæг охыл иумæйаг фидиуæн райсыны æнæмæгхъæуындзинад.

Хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæнгæрон æдасдзинады ситуаци, бæрæг стабилондзинадмæ æнæкæсгæйæ, дискусситы хайадисджыты хъусдард аздæхта æмæ банысангонд æрцыд, паддзахадон арæны режим карзæй хъахъхъæд кæй хъуамæ цæуа, уыимæ бынæттон цæрджыты æрдыгæй дæр, уымæ. Уымæ гæсгæ банысангонд æрцыд Инциденттæ ма ‘руадзын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны механизмы (МПРИ) регулярон куысты ифтонгады ахсджиагдзинад, сæрмагондæй та, «тæвд хахх»-ы бастдзинады ахсджиагдзинад, кæцы ахъаз кæны арæныл инциденттæ оперативон æгъдауæй райхалынæн.

Бæстон ныхас æрцыд гуманитарон фарстатыл.

Визиты фæлгæтты Æмсæрдæртты йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х.

14 сентябры Женевæйаг дискусситы Æмсæрдæртты делегаци балцы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы, цыран фембæлдысты районы администрациимæ, фæуазæг сты скъоламæ, сывæллæтты уагдæттæм, рынчындонмæ. Уымæй дарддæр ма федтой, Ленингоры районы хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг иумæйаг Инвестицион программæмæ гæсгæ цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдон.

Цхинвал, 2016 азы 15 сентябрь

 

15.09.2016