Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А.К. Итали æмæ Сан-Мариномæ кусæгон балцы тыххæй

Кæронмæ бахæццæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А.К. кусæгон балц Итали æмæ Сан-Мариномæ.

Визиты фæлгæтты уыд фембæлдтытæ регионтæ Марке æмæ Венетойы политикон партитæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттимæ, цыран дзырд цыд æмгуыстад райрæзыны уæрæх спектры фарстатыл.

Горæт Пезаройы уыд Коцты А.К. пресс-конференци, уым дзырд цыд Республикæйы алыварс ситуацийыл æмæ ма дывæрсыг æмахастыты алыхуызон къабæзты райрæзыны гæнæнтыл.

Балцы организацийы активон хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Минæвар Италийы Мауро Мурджиа.

 

Цхинвал, 2016 азы 8 сентябрь

 

08.09.2016