Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 37-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2016 азы 4-5 октябры Женевæйы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон раунд, цыран хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федерацийы æмæ АИШ-ы делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО-йы минæвæрттæ.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М. К.

Дискусситæ цыдысты дыууæ кусæгон къорды: æдасдзинад æмæ гуманитарон фарстаты фæдыл.
Фыццаг кусæгон къорды сæйраг хъусдард здæхт уыд Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны æмæ регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад сифтонг кæныны документы проектмæ. Адарддæргонд æрцыд алы хайадисæг фарсы минæвæрттæй конд экспертон къорды куыст фидиуæныл тыхæй ма спайда кæныны тыххæй фидар æхсæнадæмон гарантиты принципыл хæст кæй сты, уый фæдыл.

Фæлæ дæргъвæтин рæстæджы дæргъы ацы фарстайы бæрæг прогресс кæй нæ ис, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг фарс бахаста ног æнхъарæнтæ документы проектмæ фæдыл, уыдоныл æрдзурдзысты радон раунды рæстæджы.

Хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг паддзахадон арæны районы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстатыл дзургæйæ, фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой Инциденттæ ма ‘руадзын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны механизмы (МПРИ) æмæ уæвæг «тæвд хахх»-ы æнтыстджын архайд.

Уыимæ иумæ серьезон тыхстдзинад æвдыст æрцыд фæстаг рæстæджы паддзахадон арæнхæлдтæ кæй уыд Гуырдзыстоны тыхон структурæты минæвæртты æрдыгæй, æмæ ма Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ хæдзарадон куыстытæ бакæныны охыл кæй архайынц Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл, уый фæдыл.

Хуссарирыстойнаг делегаци ногæй бахатыд гуырдзиаг фарсмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæнты демаркаци æмæ делимитацийы куыстытæ иумæ бакæныны тыххæй, уый фæрцы иуварсгонд æрцæуиккой арæнтимæ баст бирæнымæц проблемæтæ.

Куыд æдасдзинад æмæ гуманитарон ситуацийы иумæйаг ахсжиаг хай, афтæ æрдзырдæуыд Гуырдзыстоны территорийыл æбæрæгæй сæфт Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты фарстатыл. Æхсæнадæмон æхсæны лæгтæ фидарæй баныфсæвæрдтой, 2016 азы октябрæй кæй адарддæр кæндзæн йæ куыст сæрмагондæй æрбахуын æбæрæгæй сæфт адæймæгты агурыны ОБСЕ-йы хæдбар æхсæнадæмон эксперт.

Хуссарирыстойнаг делегаци равдыста тыхстдзинад Гуырдзыстоны территорийыл НАТО-йы уæвындзинад кæй уæрæх кæны, уый фæдыл. Сæрмагондæй, уагъд кæй цæуынц Гуырдзыстон-НАТО æфсæддон ахуыртæ, цыран пайдагонд æрцæудзæн иумæйаг бабырсты архайды рæстæджы америкæйаг уæззау æфсæддон техникæ.

Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ банысан кодтой, æнæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæй æнæруадзгæ кæй у Гуырдзыстоны æрдыгæй цыфæнды гуманитарон фарстатæ, уыдон нымæцы лигъдæтты æмæ рæстæгмæ сæ бынат аивæг адæймæгты проблемæтæ, цыфæнды æхсæнадæмон фæзуæттæм, уыдон нымæцы Генералон Ассамблемæ æмæ БНО-йы адæймаджы барты Советмæ, рахæссын. Раздæры ахæм афæлвæрдтытæн уыд негативон фæстиуджытæ, сæрмагондæй, ацы фарстаты блокировкæ Женевæйаг дискусситы фæлгæтты. Лигъдæтты фарстатыл ныхас нæ цыд ацы раунды рæстæджы дæр, уымæн æмæ ацы тематикæйы фарстатыл дзурæн уыдзæн æрмæстдæр сæ Гуырдзыстон барæй куынæуал политизаци кæна, уæд.

Культурон бынты фарстатыл дзургæйæ, хуссарирыстойнаг хайадисджытæ ногæй сæвæрдтой хуссарирыстонаг музейæ давд чи æрцыд æмæ ныртæккæ Гуырдзыстоны чи ис, уыцы уникалон иконæ-триптих, фæстæмæ Хуссар Ирыстонæн радтыны фарст. Ногæй та хъусдард здæхт æрцыд, Гуырдзыстоны контролы бын уæвæг Скæсæйнаг Ирыстоны территоритыл цы ирон историон-культурон цырдзæвæнтæ ис, уыдон бавæрыны проблемæмæ, уырдæм сырд ирон адæм уагъд нæ уадзынц.

Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ сæрмагонд акцент сæвæрдтой, Гуырдзыстон регулярон æгъдауæй кæй æвæры ныхдуртæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æхсæнадæмон контакттæн культурæ æмæ спорты къабæзты æмæ уыцы хъуыддаг кæй нæу быхсинаг, ууыл.

Дискусситы радон раунд уагъд æрцæудзæнис 2016 азы 13-14 декабры.

Женевæ, 2016 азы 5 октябрь

 

06.10.2016