Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

20 сентябры г. Цхинвалы, Республикæйы Боны 26-æм афæдзы бæрæгбонон мадзæлтты фæлгæтты, къухтæ фыст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Днестргæрон Молдаваг Республикæйы æхсæн Хæларад, æмгуыстад æмæ партнердзинады тыххæй Бадзырдыл.

Хуссарирыстоайнаг фарсæй Бадзырдыл йæ къух æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Д.С., днестыргæройнаг фарсæй та - Днестыргæрон Молдаваг Республикæйы Хицауады Сæрдар Прокудин П.Н.

Бадзырдмæ гæсгæ дарддæр рæздзысты ахастытæ политикон, базарадон-экономикон, социалон-гуманитарон æмæ культурон къабæзты паддзахадон хицауады оргæнты, хæдзариуæггæнæг субъектты, уагдæтты æмæ организациты æмгуыстады бындурыл.

Цхинвал, 2016 азы 20 сентябрь

 

20.09.2016