2011 азы 14 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Фидауынгæнджыты бон.
Сообщения МИД РЮО
2011 азы 22 июлы Дзауы районон тæрхондон уынаффæ рахаста Гуырдзыстоны дæс æмбæстаджы административон федтæдуар кæныны тыххæй, кæцыты 18-19 июны æрцахстой хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къозы хъæумæ хæстæг Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæныл æнæзакъонæй кæй æрбахызтысты, уый тыххæй. Абон уыдон феттæдуар кодтой Гуырдзыстонмæ.
Фæстаг азты цаутæ нын дæттынц афтæ зæгъыны фадат æмæ дуне фылдæр зонын кæй райдыдта рæстдзинад. 2008 азы Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агрессийы тыххæй. Алкæмæн дæр хорз зындгонд у швецариаг дипломат Хайди Тальявинийы августы хæсты фæстæ чи сырæзтис, Евроцæдисы уыцы хæдбар къамисы Доклады сæйраг хатдзæг хæст растдæр Гуырдзыстон кæй райдыдта, уый тыххæй. Фæстаг рæстæджы публикациты банысан кæнын хъæуы Гуырдзыстоны Францы минæвар Эрик Фурнье гуырдзиаг журнал «Тбилиселеби»-йæн цы интервью радта, уый.
2011 азы 31 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуарды Указæй РХИ Президенты Паддзахадон Уынаффæгæнæг Козаты Нарим Захары фырт нысан æрцыдис Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæварæй Боливариайнаг Республикæ Венесуэлайы.
Цыбыр биографион зонæнтæ:
Козаты Нарим Захары фырт райгуырдис 1965 азы 24 февралы г. Цхинвалы. 1982-1988 æзты ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы Хæххон Хъæууонхæдзарадон институты. 2009 азæй фæстæмæ у УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатион академийы хъусæг. Ис ын РХИ паддзахадон хорзæхтæ.
Цхинвал, 14 июнь 2011 азы
2011 азы 25 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон балцы уыдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Ловров. Кусæгон балцы фæлгæты йын фембæлд уыдис РХИ президент Кокойты Э. Д. æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М. К. Фембæлды хайадисджыты конструктивон æмæ хæларадон атмосферæйы æруынаффæ кодтой уæрæх дывæрсыгон ахастыты фарстатыл. Дыууæ фарсы дæр банысан кодтой, цæмæйсæ амархайд рæзын кæной дарддæр дæр æттагон политикон, экономикон æмæ культурæйы сæйрагдæр фæдæздæхиты сты.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Кокойты Э. Д. Указæй РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Плиты Алан Солтаны фыртæн æмæ РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цуырбаты Казбулат Иналы фыртæн лæвæрд æрцыдысты «Чрезвычайон æмæ æххæстбарджын Æрвысты» рангтæ.
РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады
пресс-службæ
25 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Боливараг Республикæ Венесуэлæйы Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Уго-Хосе-Гарсия Эрнандесы, кæцыйæн йæ резиденции ис г. Мæскуыйы.
Фембæлды рæстæджы ныхас цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Боливараг Республикæ Венесуэлæйы ‘хсæн дывæрсыг æмгуысткæнынадыл æмæ дыууæ паддзахады ‘хсæн ахастыты дарддæры рæзты фарстыты фæдыл.
Абон, 2011 азы 18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдысты зæрдылдарæн мадзæлттæ Ереды хъæумæ хæстæг чи æрцыдис, уыцы трагедийы фæдыл, кæцы йæ æгъатырдзинадæй ницæмæй хицæн кодта сырдон мийæ.
18 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат æмæ РХИ æхсæнадон баиугæндты фæдыл РХИ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Дзугаты Къоста фембæлдысты Уæрæсеæн фæсарæнты чи цæры, уыдонимæ кусыны фæдыл Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Департаменты Директор А. В. Чепуринимæ, кæцы кусæгон визиты æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстонмæ.
2011 азы 16 февралы уыдис фæсконфликт æрбæстон кæныны фæдыл рЕСПУБЛИКæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын минæвар Цоциты Б.Е. æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты М.К. фембæлд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл дискусситы æмсæрдæрттимæ фембæлд.
Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис, 2011 азы азы марты чи хъуамæ уа Женевæйы уыцы дискусситы радон раундмæ бацæттæ кæнын æмæ йæ ауадзыны фæдыл фарстытыл.
Цхинвал, 2011 азы 16 феврал