22 ноябры Цхинвалы уагъд æрцыд Женевæйаг дискусситы делегацийы хуссарирыстойнаг хайадисджыты сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. фембæлд Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ, кæцытæ æрцыдысты Республикæмæ дискусситы 38-æм раунды агъоммæ.
Фембæлды рæстæджы дзырдæуыд, ацы аз 13-14 декабры Женевæйаг дискусситы радон раунды рæстæджы цы проблемæтыл хъуамæ цæуа дзырд, уыдоныл.
Лæмбынæг ныхас æрцыд хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг паддзахадон арæнмæ æввахс районты æдасдзинады ситуацийыл. Уый баст у, фæстаг рæстæджы паддзахадон арæнхæлдтæ кæй сарæх сты, æмæ сæ гуырдзиаг фарс алыхуызон æхсæнадæмон фæзуæттыл адæймаджы бартæ хæлды хуызы кæй æвдисы, ууыл.
Хуссарирыстойнаг фарс банысан кодта, ацы хъуыддаг афтæ кæй нæу, уый æмæ ма кæй у гуырдзиаг фарсы кæй нæ фæнды, РХИ-йы паддзахадон арæнмæ æввахс территорийы цæрджытимæ информацион куыст кæнын, кæй нæ разы кæны паддзахадон арæны делимитацимæ иумæйагæй æрæвналын, уый фæстиуæг.
Æвæрццаг нысан лæвæрд æрцыд МПРИ-йы фæлгæтты уагъд радон фембæлды фæстиуджытæн, уыдон ахъаз сты арæнгæрон цы инциденттæ æрцæуы, уыдон æрбæстон кæнынæн.
Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы арф æфсæддон æмгуыстады фоныл регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад бавæрыны охыл, Республикæ Хуссар Ирыстонæн уæлдай актуалон у къух æрфыссын юридикон тых æмæ æхсæнадæмон гарантитæ кæмæн ис, ахæм Гуырдзыстоны æрдыгæй тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документыл, бахахх кодта хуссарирыстойнаг делегаци.
Ахæм документыл бакусыны тыххæй хуссарирыстойнаг фарс ногæй бахатыд, дискусситы хайадисджытæ тыхæй ма спайда кæныны принципыл æнувыд кæй сты, ахæм иумæйаг фидиуæн райсынмæ.
Серьезон хъусдард здæхт уыд гуманитарон тематикæмæ, РХИ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фарстатæм, культурон бынты сферæмæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты гуманитарон барты ифтонгадмæ æмæ сæ æхсæнадæмон бастдзинæдты раз ныхдуртæ аиуварс кæнынмæ.
Хуссарирыстойнаг делегаци та ногæй бафидар кодта йæ позици лигъдæтты фарстатыл кæй нæ дзурдзысты, цалынмæ гуырдзиаг фарс ацы фарста æхсæнадæмон фæзуæттæм хæсса, цы ран нæ уа хуссарирыстойнаг минæварад, æмæ уыцы проблемæ та Женевæйаг дискусситы фæлгæтты ныхас зын кæна, уæдмæ.
Фембæлды фæстæ Женевæйаг дискусситы хайадисджытæ дзуапп кодтой массон информацийы фæрæзты минæвæртты фарстатæн.
Цхинвал, 2016 азы 22 ноябрь