Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

26 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста хæдбар æхсæнадæмон эксперт Душан Игньятовичы, кæцы ОБСЕ-йы æрхуындмæ гæсгæ 2015 азæй фæстæмæ архайы, гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн сæфт Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты ссарыныл.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд эксперты дарддæры архайдыл æбæрæгæй сæфтыты хъысмæт сбæрæг кæныны фæдыл.

Джиоты Мурат г-н Игньятовичæн бузныджы ныхæстæ загъта йæ бакæнгæ куысты тыххæй æмæ равдыста цæттæдзинад алыварсонæй æххуыс кæнын дарддæры фæдысгæрстæн.

Цхинвал, 2016 азы 26 октябрь

 

26.10.2016