Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

6 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уыд фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, РХИ Президенты Æххæстбарджын минæвар Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фарстаты фæдыл Джиоты М.К. æмæ УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры уынаффæгæнæг Кулахметов М.М.

Фембæлды хайад райстой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В., РХИ Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Д.Г., РХИ УФ-йы Минæварады Уынаффæгæнæг-минæвар Сошнин В.Н., РХИ УФ-йы Минæварады Уынаффæгæнæг Боровик О.А.
Ныхасы рæстæджы дзырд цыд, ацы аз 13-14 декабры Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы цы радон 38 раунд хъуамæ æрцæуа уагъд, уым боны фæткмæ хаст фарстатыл.

Сæрмагондæй, дзырд цыд Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документыл куыст фæактивизаци кæныныл, Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн паддзахадон арæнмæ æввахс районты ситуацийыл æмæ гуманитарон фарстатыл.

Уымæй дарддæр ма дзырд цыд кæрæдзиæн цымыдис чи у, ахæм фарстатыл.

Фембæлд ацыд хъарм хæларадон атмосферæйы.

 

Цхинвал, 2016 азы 6 декабрь

 

06.12.2016