Джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон Æхсардзинад æмæ Адæмон Иудзинады боны ацыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Мемориалон комплексмæ Кады æмæ Мысæн дидинтæ сæвæрыны церемони, горæт Цхинвалмæ æрбахизæны Присы къуылдымыл ацыд сæ риуы æмбæрц цы лæппутæ слæууыдысты æмæ бахъахъхъæдтой Фыдыбæстæ, уыдон мысæн митинг.
Афтæмæй ма ацы бон Республикæйы аргъуанты ацыдысты службæтæ, ХИПУ-йы студенттæ, скъолаты ахуырдзаутæ, Республикæйы æхсæнад скад кæныны охыл тырысатимæ ссыдысты Присы къуылдыммæ.